38 Ӕппӕт уыцы хабӕртты фӕстӕ иу аримафейаг лӕг, Иосиф, зӕгъгӕ, Пилатӕн загъта, цӕмӕй йын Йесойы мард ахӕссыны бар радтаид, ӕмӕ йын Пилат дӕр бар радта+. Иосиф дӕр Йесойы ахуыргӕнинаг уыди, фӕлӕ йӕ нӕ хъӕр кодта, уымӕн ӕмӕ дзуттӕгты разамонджытӕй тарст+. Гъемӕ ацыд ӕмӕ йын йӕ мард ахаста+.