Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Псалом 22:разныхас–31
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • Амонӕгӕн. «Саг боныцъӕхтыл». Давиды зарӕг.

      22 Мӕ Хуыцау, мӕ Хуыцау, цӕмӕн мӕ ныууагътай?+

      Цӕмӕн дӕ мӕнӕй дард, цӕуылнӕ мӕ ирвӕзын кӕныс?+

      Цӕуылнӕ мын хъусыс мӕ дзыназын?+

       2 О мӕ Хуыцау, бонӕй дӕм сидын ӕххуысмӕ, ӕмӕ мын дзуапп нӕ дӕттыс+,

      Ӕмӕ ӕхсӕв дӕр не ’нцайын+.

       3 Фӕлӕ ды дӕ сыгъдӕг Хуыцау+,

      Дӕ алыварс хъуысынц Израилы кады ныхӕстӕ+.

       4 Дӕуыл дардтой сӕ зӕрдӕ нӕ фыдӕлтӕ+.

      Сӕ зӕрдӕ дыл дардтой, ӕмӕ сӕ ды ирвӕзын кодтай+.

       5 Дӕумӕ дзынӕзтой+, ӕмӕ-иу сӕрӕгасӕй баззадысты+.

      Дӕуыл дардтой сӕ зӕрдӕ, ӕмӕ нӕ фӕхудинаг сты+.

       6 Ӕз та дӕн уаллон+, адӕймаг нӕ, фӕлӕ,

      Адӕмӕн дӕн фидиссаг, ницӕуыл мӕ нымайынц+.

       7 Чи мӕ фены, уыдон мыл худын райдайынц+.

      Сӕ дзыхтӕ ныггом кӕнынц, сӕ сӕртӕ батилынц+:

       8 «Йӕхи Йегъовӕйы бар бакодта+. Гъемӕ йӕ фервӕзын кӕнӕд!+

      Ссӕрибар ӕй кӕнӕд, кӕд йӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ у, уӕд!»+

       9 Ды мӕ ракодтай мӕ мады гуыбынӕй+,

      Дӕ фӕрцы ницӕмӕй тарстӕн, мӕ мады хъӕбысы ма куы уыдтӕн, уӕд+.

      10 Дӕ бар мӕ бакодтой мӕ райгуырдӕй+.

      Мӕ мады гуыбыны куы уыдтӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ ды дӕ мӕ Хуыцау+.

      11 Ма лӕуу дард, уымӕн ӕмӕ мӕм бӕллӕх хӕстӕг у+,

      Уымӕн ӕмӕ мын ӕндӕр ӕххуысгӕнӕг нӕй+.

      12 Дуне уӕнгуытӕ мыл ӕрӕмбырд+,

      Васаны тыхджынтӕ мӕ алыварс ӕрлӕууыдысты+.

      13 Сӕ дзыхтӕ мӕм бахӕлиу кодтой+,

      Уыдон сты, йӕ амӕттаджы чи акъабӕзтӕ кӕны ӕмӕ богътӕ чи кӕны, ахӕм домбайы хуызӕн+.

      14 Донау мӕ акалдтой+,

      Ме стджытӕ кӕрӕдзийыл нал хӕцынц+.

      Мӕ зӕрдӕ мыдадз фестад+,

      Мӕ мидӕг батад+.

      15 Мӕ хъару ӕлыг мигӕнӕны састау ныххус+,

      Ме ’взаг мӕ комарынгыл баныхӕст+.

      Ды мӕ ӕрвитыс сау сыджытмӕ+.

      16 Куыйтӕ мыл ӕрӕмбырд сты+,

      Фыдгӕнджытӕ мӕ алыварс ӕрлӕууыдысты+.

      Домбайау мын мӕ къухтӕ ӕмӕ мӕ къӕхтӕм лӕбурынц+.

      17 Мӕ бон у ме стджытӕ иууылдӕр банымайын+.

      Уыдон мӕм ныккастысты, сӕ цӕстытӕ мӕ ныссагътой+.

      18 Мӕ уӕлӕдарӕс мын сӕ кӕрӕдзийыл дих кӕнынц+,

      Мӕ дарӕсыл мын хӕлттӕ ӕппарынц+.

      19 Фӕлӕ ды, о Йегъовӕ, дард ма лӕуу+.

      О мӕ хъару+, тагъддӕр мӕм фӕзын ӕххуысмӕ+.

      20 Мӕ уд мын хъамайӕ фервӕзын кӕн+,

      Мӕ иунӕг уд – куыдзы дзӕмбытӕй+.

      21 Фервӕзын мӕ кӕн домбайы дзыхӕй+.

      Фехъус мӕ ӕмӕ мӕ хъӕддаг галты сыкъатӕй бахъахъхъӕн+.

      22 Ӕз дӕ ном+ фехъусын кӕндзынӕн ме ’фсымӕртӕн+.

      Ӕмбырды астӕу дӕ кадджын кӕндзынӕн+.

      23 Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, кадджын ӕй кӕнут!+

      Йӕ кад ын бӕрзонд сисут, Иаковы байзӕддӕгтӕ иууылдӕр!+

      Тӕрсут дзы, Израилы байзӕддӕгтӕ уе ’ппӕт дӕр!+

      24 Уымӕн ӕмӕ уый ӕфхӕрд адӕймаджы мӕгуырдзинадмӕ

      Куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ каст+ ӕмӕ йыл ӕлгъ нӕ кодта+.

      Йӕ цӕсгом дзы нӕ бамбӕхста+,

      Ӕмӕ йӕм ӕххуысмӕ куы дзынӕзта, уӕд ӕй фехъуыста+.

      25 Дӕ хъуыддӕгты тыххӕй дӕ стыр ӕмбырды кадджын кӕндзынӕн+.

      Мӕ сомытӕ сӕххӕст кӕндзынӕн, чи дзы тӕрсы, уыдоны раз+.

      26 Сабыр адӕм хӕрдзысты ӕмӕ бафсӕддзысты+.

      Йегъовӕйы кадджын кӕндзысты, чи йӕ агуры, уыдон+.

      Уадз уӕ зӕрдӕтӕ цӕрӕнт ӕнустӕм+.

      27 Ӕгас зӕххыл дӕр ӕрхъуыды кӕндзысты Йегъовӕйы ӕмӕ йӕм се ’ргом раздахдзысты+.

      Ӕмӕ дын ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ дӕр сӕ сӕртӕй ныллӕг кувдзысты+.

      28 Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у Паддзах+,

      Ӕмӕ адӕмтӕ сты йӕ дӕлбар+.

      29 Зӕххыл хъӕздгуытӕ се ’ппӕт дӕр хӕрдзысты ӕмӕ сӕрӕй ныллӕг кувдзысты+.

      Сыджытмӕ чи цӕуы, уыдон иууылдӕр йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрлӕудзысты+.

      Иуӕн дӕр сӕ йӕ бон нӕу йӕ уд бахъахъхъӕнын+.

      30 Мӕ байзӕддӕгтӕ* йын лӕггад кӕндзысты+.

      Йегъовӕйы тыххӕй фехъусын кӕндзысты иннӕ фӕлтӕрӕн+.

      31 Уыдон ӕрцӕудзысты ӕмӕ йӕ рӕстдзинады тыххӕй дзурдзысты+,

      Чи хъуамӕ райгуыра, уыцы адӕмӕн,– дзурдзысты, уыцы хъуыддаг кӕй бакодта, уый тыххӕй+.

  • Исай 53:1–12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 53 Мах цы хабар фехъуыстам, ууыл чи баууӕндыд?+ Ӕмӕ кӕмӕн раргом+ Йегъовӕйы цонджы хъару?+ 2 Уый адӕмы раз сзайдзӕн къалиуау+ ӕмӕ уыдзӕн уидаджы хуызӕн ӕнӕдон бӕстӕйы. Уымӕн нӕдӕр уындджын бакаст ис, нӕдӕр кадджын у+. Ӕмӕ йӕ куы фенӕм, уӕд йӕ бакаст ахӕм нӕ уыдзӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуа+.

      3 Адӕм ӕй ӕппындӕр ницӕмӕ дардтой, сӕхи дзы дард ластой+,– рыст ӕмӕ низ цы у, уый чи базыдта, уымӕй+. Мах-иу дзы нӕхи иннӕрдӕм азылдтам, цӕмӕй йын йӕ цӕсгом ма уыдтаиккам+. Ӕппындӕр ӕй ницӕмӕ дардтой, ӕмӕ йӕ мах нымадтам ницӕйагыл+. 4 Ӕцӕгдӕр, уый нын нӕ низтӕ ахаста+ ӕмӕ нын нӕ рыст йӕхимӕ айста+. Мах та афтӕ ӕнхъӕл уыдыстӕм, ӕмӕ йӕ Хуыцау бакодта+ тухиты+, бӕллӕхты ӕмӕ хъизӕмӕртты хай+. 5 Фӕлӕ уый барӕхуыстой+ нӕ фыдракӕндты тыххӕй+, нӕ тӕригъӕдты тыххӕй йын бавзарын кодтой хъизӕмӕрттӕ+. Цы ӕфхӕрд баййӕфта, уый нын ӕрхаста фарн+ ӕмӕ йӕ хъӕдгӕмтты фӕрцы+ сдзӕбӕх стӕм+. 6 Мах не ’ппӕт дӕр фыстау адзӕгъӕл стӕм+, алчидӕр нӕ ацыд йӕхи фӕндагыл, ӕмӕ Йегъовӕ нӕ тӕригъӕдтӕ иууылдӕр ууыл сӕвӕрдта+. 7 Уый уыд тынг уынгӕджы+, ӕмӕ йӕхи радта, цӕмӕй фӕхъизӕмар кодтаид+, фӕлӕ йӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схауд. Уӕрыкк ӕргӕвдынмӕ куыд фӕкӕнынц, афтӕ акодтой уый дӕр+, ӕмӕ фыс йе ’лвынджыты раз куыд сабыр фӕлӕууы, афтӕ уымӕн дӕр йӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схауд+.

      8 Уый баййӕфта ӕфхӕрд, акодтой йӕ, раст тӕрхон ын не скодтой, афтӕмӕй+. Йӕ равзӕрды хабӕрттыл ын лӕмбынӕг чи ахъуыды кӕндзӕн?+ Удӕгӕсты зӕххӕй+ йӕ айстой+. Мӕ адӕмы фыдракӕндты+ тыххӕй йӕ амардтой+. 9 Ӕмӕ йӕ бавӕрдзысты фыдгӕнджытимӕ+, куы амӕла, уӕд уыдзӕн хъӕздгуытимӕ+. Афтӕмӕй та ницы фыддзинад ракодта+, йӕ дзыхӕй иу мӕнг ныхас дӕр не схауд+.

      10 Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй фӕхъизӕмар кодтаид+, уый йыл низ бафтыдта+. О Хуыцау, кӕд ын ды йӕ уд аххосы тыххӕй нывондӕн ӕрхӕссай+, уӕд уый фендзӕн йӕ байзӕддӕгты+, йӕ царды бонтыл бафтдзӕн+ ӕмӕ йӕ къухӕй сараздзӕн+, Йегъовӕйы цы фӕнды, уый+. 11 Йӕ уд мӕстытӕ кӕй бавзӕрста, уый тыххӕй фендзӕн хорз хъуыддӕгтӕ+ ӕмӕ йӕ зӕрдӕ барухс уыдзӕн+. Уыцы рӕстгӕнӕг, мӕ лӕггадгӕнӕг+, йӕ зонындзинӕдты фӕрцы бирӕтӕн баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй рӕстгӕнджытыл нымад ӕрцӕуой+. Уый сын сӕ тӕригъӕдтӕ ахӕсдзӕн+. 12 Ӕмӕ йын ӕз уый тыххӕй ратдзынӕн хай бирӕтимӕ+, ӕмӕ цы байса, уый адих кӕндзӕн тыхджынтимӕ+, уымӕн ӕмӕ уый йӕ уд радта мӕлӕтмӕ+ ӕмӕ йӕ банымадтой фыдгӕнӕгыл+. Уый ахаста бирӕты тӕригъӕдтӕ+ ӕмӕ хӕцыд фыдгӕнджыты сӕрыл+.

  • Иоанны 20:27
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 27 Ӕмӕ уый фӕстӕ Фомайӕн загъта: «Гъа, мӕнӕ ам ӕрӕвӕр де ’нгуылдз ӕмӕ мын мӕ къухтӕ фен, ӕмӕ дӕ къух+ мӕ фарсыл авӕр, ӕмӕ мауал дызӕрдыг кӕн, фӕлӕ дӕм уырнындзинад уӕд».

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын