Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Исай 7:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Уӕдӕ уын Йегъовӕ йӕхӕдӕг ратдзӕн нысан: ӕрыгон сылгоймаг+ басывӕрджын уыдзӕн+ ӕмӕ йын райгуырдзӕн лӕппу+, ӕмӕ йӕ схондзӕн Еммануил*.

  • Исай 9:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 Мӕнӕ нын райгуырди сывӕллон+, лӕвӕрд нын у лӕппу+. Уымӕн йе уӕхсчытыл ӕрӕнцайдзысты кънйазы бартӕ+. Ӕмӕ йӕ хондзысты Диссаджы уынаффӕгӕнӕг+, Хъомысджын хуыцау*+, Ӕнусон фыд+, Фарны кънйаз+.

  • Йереми 23:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 5 «Ӕрхӕццӕ кӕнынц уыцы бонтӕ,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ ӕз Давидӕн ратдзынӕн рӕстаг бындар*+. Уый уыдзӕн паддзах+ ӕмӕ ацы зӕххыл архайдзӕн ӕмбаргӕйӕ, архайдзӕн рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ ӕмӕ раст тӕрхонмӕ гӕсгӕ+.

  • Йезекил 34:23
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 23 Сӕ сӕргъы сын сӕвӕрдзынӕн иу фыййау+, мӕ лӕггадгӕнӕг Давиды+, ӕмӕ сӕ уый хиздзӕн. Уый сӕ хиздзӕн ӕмӕ суыдзӕн сӕ фыййау+.

  • Данел 9:24
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 24 Дӕ адӕмӕн+ ӕмӕ дӕ сыгъдӕг горӕтӕн+ нысангонд ӕрцыд ӕвдай къуырийы, цӕмӕй фыдхъуыддӕгтӕн+ дӕр ӕмӕ тӕригъӕдӕн дӕр кӕрон ӕвӕрд ӕрцӕуа+, цӕмӕй фыдракӕндтӕ хатыргонд ӕрцӕуой+, ӕнустӕм фидаргонд ӕрцӕуа рӕстдзинад+, цӕмӕй цӕстылуайӕныл ӕмӕ пехуымпар-ныхасыл мыхуыр ӕвӕрд ӕрцӕуа+ ӕмӕ сӕрст ӕрцӕуа Сыгъдӕджыты сыгъдӕг+.

  • Михей 5:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Ды дӕр, Вифлеем Ефрафӕ+, ӕгӕр гыццыл дӕ, цӕмӕй Иудӕйы минты ’хсӕн уай+. Дӕуӕй+ рацӕудзӕн, Израилы мӕ номӕй чи архайдзӕн, уыцы хицау+ – раджы замантӕй, рагӕй фӕстӕмӕ чи ис, уый+.

  • Малахи 3:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 «Ӕз фервитын мӕ фидиуӕджы+, ӕмӕ мын мӕ размӕ фӕндаг асыгъдӕг кӕндзӕн+. Ӕмӕ ӕцӕг Хицау+, кӕй агурут, уый, йӕ кувӕндонмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕудзӕн+, ӕрцӕудзӕн бадзырды+ минӕвар дӕр+, ӕхсызгонӕй кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут+, уый. О, ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн»,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ+.

  • Иоанны 1:45
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 45 Уӕд Филипп та бацагуырдта Нафанаилы+ ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам, Моисей Закъоны+ кӕй тыххӕй фыста ӕмӕ Пехуымпарты+ чингуыты кӕй тыххӕй ис фыст, уый – назаретаг Йесойы, Иосифы+ фырты».

  • Хъуыддӕгтӕ 10:43
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 43 Пехуымпартӕ се ’ппӕт дӕр уый тыххӕй дзурынц+, зӕгъгӕ йыл чи баууӕнда, уымӕн йӕ номӕй йӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕудзысты»+.

  • Хъуыддӕгтӕ 26:22
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 22 Фӕлӕ мын Хуыцау баххуыс кодта+, ӕмӕ уый фӕрцы абоны онг дӕр хъусын кӕнын хорз хабар хуымӕтӕг адӕмӕн дӕр ӕмӕ номдзыд адӕмӕн дӕр. Хъусын та кӕнын, Пехуымпартӕ+ ӕмӕ Моисей+ фидӕны хабӕртты тыххӕй цы дзырдтой, ӕрмӕстдӕр уый,

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын