Райдиан 2:7 Библи – Ног дунейы тӕлмац 7 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Хуыцау сыджытӕй*+ скодта адӕймаджы ӕмӕ йын йӕ фындзыхуынчъыты баулӕфыд цард*+, ӕмӕ адӕймаг сси цӕрӕг уд*+. Райдиан 6:17 Библи – Ног дунейы тӕлмац 17 Ӕз зӕххыл рауадздзынӕн доны хъаймӕт+ ӕмӕ фесафдзынӕн, арвы бын удӕгасӕй+ цыдӕриддӕр ис, уыдоны*. Зӕххыл цыдӕриддӕр ис,– иууылдӕр амӕлдзысты+. Иов 33:4 Библи – Ног дунейы тӕлмац 4 Мӕн скодта Хуыцауы тых*+,Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы улӕфт мӕ бауагъта цард+. Екклесиаст 3:19 Библи – Ног дунейы тӕлмац 19 Адӕймаджы фырттӕн дӕр ӕмӕ цӕрӕгойтӕн дӕр сӕ кӕрон иу у+. Иутӕ дӕр амӕлынц ӕмӕ иннӕтӕ дӕр+. Иу у сӕ царды тых*+ дӕр. Ӕмӕ адӕймаг цӕрӕгойтӕй ницӕмӕй хуыздӕр у, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр у дзӕгъӕлы. Исай 42:5 Библи – Ног дунейы тӕлмац 5 Афтӕ зӕгъы ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕ, арв чи сфӕлдыста+ ӕмӕ йӕ чи айтыгъта, уыцы Стыр Хуыцау+, зӕхх чи ӕрӕвӕрдта+ ӕмӕ йыл цы ис, уыдон чи дӕтты+, цы адӕм ыл цӕры+, уыдонӕн улӕфт+ чи дӕтты, чи йыл цӕуы, уыдонӕн – царды тых*+: Раргомад 11:11 Библи – Ног дунейы тӕлмац 11 Ӕртӕ боны ӕмӕ ’рдӕджы+ фӕстӕ сӕ Хуыцау цард бауагъта+, ӕмӕ сӕ къӕхтыл слӕууыдысты. Чи сӕм касти, уыдоны та стыр тас бацыд.
7 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Хуыцау сыджытӕй*+ скодта адӕймаджы ӕмӕ йын йӕ фындзыхуынчъыты баулӕфыд цард*+, ӕмӕ адӕймаг сси цӕрӕг уд*+.
17 Ӕз зӕххыл рауадздзынӕн доны хъаймӕт+ ӕмӕ фесафдзынӕн, арвы бын удӕгасӕй+ цыдӕриддӕр ис, уыдоны*. Зӕххыл цыдӕриддӕр ис,– иууылдӕр амӕлдзысты+.
19 Адӕймаджы фырттӕн дӕр ӕмӕ цӕрӕгойтӕн дӕр сӕ кӕрон иу у+. Иутӕ дӕр амӕлынц ӕмӕ иннӕтӕ дӕр+. Иу у сӕ царды тых*+ дӕр. Ӕмӕ адӕймаг цӕрӕгойтӕй ницӕмӕй хуыздӕр у, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр у дзӕгъӕлы.
5 Афтӕ зӕгъы ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕ, арв чи сфӕлдыста+ ӕмӕ йӕ чи айтыгъта, уыцы Стыр Хуыцау+, зӕхх чи ӕрӕвӕрдта+ ӕмӕ йыл цы ис, уыдон чи дӕтты+, цы адӕм ыл цӕры+, уыдонӕн улӕфт+ чи дӕтты, чи йыл цӕуы, уыдонӕн – царды тых*+:
11 Ӕртӕ боны ӕмӕ ’рдӕджы+ фӕстӕ сӕ Хуыцау цард бауагъта+, ӕмӕ сӕ къӕхтыл слӕууыдысты. Чи сӕм касти, уыдоны та стыр тас бацыд.