Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Райдиан 45:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 Уӕдӕ мӕ сымах нӕ рарвыстат ардӕм+, фӕлӕ мӕ ӕцӕг Хуыцау рарвыста, цӕмӕй мӕ сӕвӕрдтаид фараонӕн фыдӕй*+, стӕй хицауӕй йӕ хӕдзарӕн дӕр ӕмӕ ӕгас Египетӕн дӕр.

  • Данел 4:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Ацы уынаффӕ рахастой хъахъхъӕнджытӕ+ ӕмӕ ацы бардзырд рацыд сыгъдӕджытӕй, цӕмӕй адӕм зоной, Иунӕг Стыр Хуыцау кӕй у адӕмы паддзахӕдты Хицау+ ӕмӕ йӕ кӕмӕн фӕнды, уымӕн сӕ кӕй дӕтты+ ӕмӕ, ӕппӕты къаддӕр кад кӕмӕн ис, ахӕм адӕймаджы кӕй сӕвӕры сӕ сӕргъы“+.

  • Лукайы 22:53
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 53 Алы бон уемӕ кувӕндоны+ куы уыдтӕн ӕмӕ мӕ уӕд куы нӕ ахстат?+ Фӕлӕ ныр уӕ рӕстӕг*+ у ӕмӕ бартӕ+ талынджы къухы сты»+.

  • Иоанны 7:30
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 30 Ӕмӕ дзуттӕгты разамонджытӕ уый куы фехъуыстой, уӕд фадат агурын райдыдтой, цӕмӕй йӕ ӕрцахстаиккой+, фӕлӕ йӕм дзы ничи бавнӕлдта, уымӕн ӕмӕ йӕ рӕстӕг+ нӕма ’рцыд.

  • Иоанны 10:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 Тыххӕй мын ӕй ничи исы, мӕхӕдӕг ӕй дӕттын. Ис мын уыцы бар, цӕмӕй йӕ дӕтгӕ дӕр ракӕнон ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ дӕр райсон+. Афтӕ мын бафӕдзӕхста+ мӕ Фыд».

  • Ромӕгтӕм 13:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Гъемӕ уӕдӕ, хицӕутты ныхмӕ чи цӕуы, уый цӕуы Хуыцауы ӕвӕрд ӕгъдауы ныхмӕ. Ӕмӕ, афтӕ чи кӕны, уыдон ӕфхӕрд баййафдзысты+.

  • Раргомад 13:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Ӕмӕ йын лӕвӕрд уыд бар+, цӕмӕй сыгъдӕджытимӕ тох кӕна ӕмӕ сыл фӕуӕлахиз уа+. Лӕвӕрд ма йын ӕрцыд тых дӕр, цӕмӕй йӕ бар цӕуа алы мыггагыл, алы адӕмыхаттыл, алы ӕвзагыл ӕмӕ алы адӕмыл дӕр.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын