Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дыккаг закъон 12:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 5 Уӕ мыггӕгтӕн цы зӕхх уа лӕвӕрд, уым уӕ Хуыцау Йегъовӕ йӕ номӕн равзардзӕн бынат, цӕмӕй йӕ ном уым уа, ӕмӕ-иу уыцы бынатмӕ ацӕут. Уырдӕм-иу ӕрбацӕут+

  • 1 Паддзӕхты 9:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта: «Ӕз дын фехъуыстон дӕ куывд+ ӕмӕ дӕ лӕгъстӕтӕ, ӕмӕ, цы хӕдзар сарӕзтай, уый ссыгъдӕг кодтон+ ӕмӕ йӕ саккаг кодтон, цӕмӕй мӕ ном+ уым уа ӕнустӕм. Ӕз ӕм алкӕддӕр мӕ цӕст дардзынӕн+ ӕмӕ мӕ зӕрдӕ алкӕддӕр уым уыдзӕн+.

  • 2 Азфыстыты 7:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Ӕмӕ ӕхсӕвы Йегъовӕ Соломонмӕ фӕзынд+ ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дын фехъуыстон дӕ куывд+ ӕмӕ мӕхицӕн ацы бынат равзӕрстон+, цӕмӕй мын ацы хӕдзары нывӕндтӕ хӕссой+.

  • Псалом 122:разныхас–9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • Зарӕг, горӕтмӕ цӕугӕйӕ. Давиды псалом.

      122 Сцин кодтон, афтӕ мын куы загътой+:

      «Цом+ Йегъовӕйы хӕдзармӕ»+.

       2 Мах бахызтыстӕм+ дӕ кулдуарыл

      Ӕмӕ уым лӕууыдыстӕм, о Иерусалим+.

       3 Иерусалим арӕзт у горӕты хуызӕн+,

      Йӕ мидӕг ӕппӕт дӕр у кӕрӕдзийыл баст+.

       4 Уырдӕм ссӕуынц

      Йагъы мыггӕгтӕ+,–

      Израилӕн загъд куыд уыди, афтӕ+,–

      Цӕмӕй кадджын кӕной Йегъовӕйы ном+.

       5 Уым лӕууынц тӕрхоны бадӕнтӕ+,

      Давиды хӕдзарвӕндаджы паддзахбадӕнтӕ+.

       6 Курут фарн Иерусалимӕн!+

      О горӕт, чи дӕ уарзы, уыдон цӕрдзысты ӕдасӕй+.

       7 Фарн уӕд дӕ фидар къулты мидӕг+,

      Ӕдас цард – дӕ мӕсгуыты+.

       8 Ме ’фсымӕртӕ ӕмӕ ме ’мбӕлтты сӕраппонд дзурдзынӕн+:

      «Фарн уӕд ацы бынаты!»+

       9 Нӕ Хуыцау Йегъовӕйы хӕдзары сӕраппонд+

      Кувдзынӕн дӕ хорздзинады тыххӕй+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын