Иоанны 5:24 Библи – Ног дунейы тӕлмац 24 Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: мӕ ныхӕстӕ мын чи хъусы ӕмӕ, мӕн чи рарвыста, ууыл чи ӕууӕнды, уый хайджын уыдзӕн ӕнусон цардӕй+, ӕмӕ уый тӕрхонгонд нӕ уыдзӕн – уый у, мард чи уыд, фӕлӕ ныр цардмӕ чи раздӕхт, ахӕм адӕймаджы хуызӕн+. Иоанны 11:26 Библи – Ног дунейы тӕлмац 26 Удӕгас чи у ӕмӕ мӕныл чи ’ууӕнды, уый та никуы амӕлдзӕн+. Уырны дӕ уый?» 1 Коринфӕгтӕм 15:54 Библи – Ног дунейы тӕлмац 54 Ӕмӕ, ӕмбийгӕ цы кӕны, уый ӕнӕмбийгӕ куы суа, ӕмӕ, мӕлӕты бар цӕуыл цӕуы, уый ӕнӕмӕлгӕ куы суа, уӕд та сӕххӕст уыдзӕн, фыст цы у, уый: «Уый фесӕфта* мӕлӕт+ ӕнустӕм»+. Раргомад 20:6 Библи – Ног дунейы тӕлмац 6 Амондджын+ ӕмӕ ӕнӕфау*+ сты, фыццаг чи райгас уа, уыдон – дыккаг мӕлӕты+ бар сыл нӕ цӕуы+, фӕлӕ уыдзысты Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы сауджынтӕ+, ӕмӕ йемӕ паддзӕхтӕ уыдзысты мин азы+.
24 Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: мӕ ныхӕстӕ мын чи хъусы ӕмӕ, мӕн чи рарвыста, ууыл чи ӕууӕнды, уый хайджын уыдзӕн ӕнусон цардӕй+, ӕмӕ уый тӕрхонгонд нӕ уыдзӕн – уый у, мард чи уыд, фӕлӕ ныр цардмӕ чи раздӕхт, ахӕм адӕймаджы хуызӕн+.
54 Ӕмӕ, ӕмбийгӕ цы кӕны, уый ӕнӕмбийгӕ куы суа, ӕмӕ, мӕлӕты бар цӕуыл цӕуы, уый ӕнӕмӕлгӕ куы суа, уӕд та сӕххӕст уыдзӕн, фыст цы у, уый: «Уый фесӕфта* мӕлӕт+ ӕнустӕм»+.
6 Амондджын+ ӕмӕ ӕнӕфау*+ сты, фыццаг чи райгас уа, уыдон – дыккаг мӕлӕты+ бар сыл нӕ цӕуы+, фӕлӕ уыдзысты Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы сауджынтӕ+, ӕмӕ йемӕ паддзӕхтӕ уыдзысты мин азы+.