Иоанны 3:2 Библи – Ног дунейы тӕлмац 2 Уыцы адӕймаг Йесомӕ ӕхсӕвы+ ӕрбацыд ӕмӕ йын загъта: «Равви*+, мах ӕй зонӕм, ды, Хуыцауӕй+ чи ӕрцыд, уыцы ахуыргӕнӕг+ кӕй дӕ, уымӕн ӕмӕ, ды цы диссӕгтӕ+ аразыс, ахӕм диссӕгтӕ никӕй бон у аразын, Хуыцау йемӕ куы нӕ уа, уӕд»+. Иоанны 5:36 Библи – Ног дунейы тӕлмац 36 Фӕлӕ мӕнӕн ис, Иоанн мӕн тыххӕй цы загъта, уымӕй стырдӕр ӕвдисӕн – мӕ Фыд мын цы хъуыддӕгтӕ бахӕс кодта ӕмӕ ӕз цы хъуыддӕгтӕ аразын+, уыдон сӕхӕдӕг сты ӕвдисӕн, мӕ Фыд мӕ кӕй рарвыста, уымӕн. Иоанны 10:38 Библи – Ног дунейы тӕлмац 38 Фӕлӕ сӕ кӕд аразын, уӕд уыцы хъуыддӕгтыл ӕууӕндут+, кӕд мын мӕхиуыл не ’ууӕндут, уӕддӕр, цӕмӕй йӕ базонат ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ дӕр зонат, мӕ Фыд мемӕ иудзинады кӕй ис, ӕмӕ ӕз дӕр мӕ Фыдимӕ иудзинады кӕй дӕн»+. Иоанны 14:10 Библи – Ног дунейы тӕлмац 10 Ӕви дӕ нӕ уырны, ӕз мӕ Фыдимӕ иудзинады кӕй дӕн, ӕмӕ мӕ Фыд дӕр мемӕ иудзинады кӕй ис?+ Цы уын дзурын, уыдӕттӕ уын мӕхи зондӕй нӕ дзурын, фӕлӕ мӕ Фыд, мемӕ иудзинады чи ис, уый, кӕны йӕ хъуыддӕгтӕ+. Хъуыддӕгтӕ 2:22 Библи – Ног дунейы тӕлмац 22 Израилӕгтӕ, байхъусут ацы ныхӕстӕм: назаретаг+ Йесо уыди Хуыцауӕй ӕрвыст адӕймаг. Уый рабӕрӕг, Хуыцау уе ’хсӕн+ йӕ къухӕй цы хъомысджын хъуыддӕгтӕ+ сарӕзта ӕмӕ цы диссӕгтӕ ӕмӕ нысӕнттӕ равдыста, уыдонӕй. Ӕмӕ афтӕ кӕй у, уый уӕхӕдӕг дӕр зонут.
2 Уыцы адӕймаг Йесомӕ ӕхсӕвы+ ӕрбацыд ӕмӕ йын загъта: «Равви*+, мах ӕй зонӕм, ды, Хуыцауӕй+ чи ӕрцыд, уыцы ахуыргӕнӕг+ кӕй дӕ, уымӕн ӕмӕ, ды цы диссӕгтӕ+ аразыс, ахӕм диссӕгтӕ никӕй бон у аразын, Хуыцау йемӕ куы нӕ уа, уӕд»+.
36 Фӕлӕ мӕнӕн ис, Иоанн мӕн тыххӕй цы загъта, уымӕй стырдӕр ӕвдисӕн – мӕ Фыд мын цы хъуыддӕгтӕ бахӕс кодта ӕмӕ ӕз цы хъуыддӕгтӕ аразын+, уыдон сӕхӕдӕг сты ӕвдисӕн, мӕ Фыд мӕ кӕй рарвыста, уымӕн.
38 Фӕлӕ сӕ кӕд аразын, уӕд уыцы хъуыддӕгтыл ӕууӕндут+, кӕд мын мӕхиуыл не ’ууӕндут, уӕддӕр, цӕмӕй йӕ базонат ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ дӕр зонат, мӕ Фыд мемӕ иудзинады кӕй ис, ӕмӕ ӕз дӕр мӕ Фыдимӕ иудзинады кӕй дӕн»+.
10 Ӕви дӕ нӕ уырны, ӕз мӕ Фыдимӕ иудзинады кӕй дӕн, ӕмӕ мӕ Фыд дӕр мемӕ иудзинады кӕй ис?+ Цы уын дзурын, уыдӕттӕ уын мӕхи зондӕй нӕ дзурын, фӕлӕ мӕ Фыд, мемӕ иудзинады чи ис, уый, кӕны йӕ хъуыддӕгтӕ+.
22 Израилӕгтӕ, байхъусут ацы ныхӕстӕм: назаретаг+ Йесо уыди Хуыцауӕй ӕрвыст адӕймаг. Уый рабӕрӕг, Хуыцау уе ’хсӕн+ йӕ къухӕй цы хъомысджын хъуыддӕгтӕ+ сарӕзта ӕмӕ цы диссӕгтӕ ӕмӕ нысӕнттӕ равдыста, уыдонӕй. Ӕмӕ афтӕ кӕй у, уый уӕхӕдӕг дӕр зонут.