Матфейы 20:26 Библи – Ног дунейы тӕлмац 26 Фӕлӕ сымах хъуамӕ афтӕ ма кӕнат+. Кӕй уӕ фӕнды, цӕмӕй кадджын уа, уый уын хъуамӕ уа лӕггадгӕнӕг+. Лукайы 9:48 Библи – Ног дунейы тӕлмац 48 ӕмӕ сын загъта: «Ацы гыццыл сывӕллоны мӕ номы тыххӕй чи суазӕг кӕна, уый суазӕг кӕндзӕн мӕн дӕр. Ӕмӕ мӕн чи суазӕг кӕна, уый та суазӕг кӕндзӕн, мӕн чи рарвыста, уый дӕр+. Уӕдӕ сымахӕй йӕхи иннӕтӕй дӕлдӕрыл+ чи нымайы, уӕлдӕр гъе уый у»+. Лукайы 22:26 Библи – Ног дунейы тӕлмац 26 Сымах та афтӕ ма кӕнут+. Уе ’хсӕн уӕлдӕр чи у, уый йӕхи афтӕ дарӕд, цыма кӕстӕр у+, хистӕр та – цыма лӕггадгӕнӕг у+. Ромӕгтӕм 12:10 Библи – Ног дунейы тӕлмац 10 Кӕрӕдзи уарзут ӕфсымӕртау+ фӕлмӕн уарзтӕй. Кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ-иу+ иу иннӕйы разӕй фӕуӕд. Галатӕгтӕм 5:13 Библи – Ног дунейы тӕлмац 13 Ме ’фсымӕртӕ, Хуыцау уӕ сӕрибардзинадмӕ ӕрхуыдта+. Ӕрмӕст уӕ сӕрибардзинадӕй уӕ тӕригъӕдджын буары монцтӕ ӕфсадынӕн ма архайут+, фӕлӕ, кӕрӕдзи уарзгӕйӕ, кӕрӕдзийӕн цагъары лӕггад кӕнут+. 1 Петры 5:5 Библи – Ног дунейы тӕлмац 5 Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, хистӕрты коммӕ кӕсут+. Кӕрӕдзиимӕ уе ’ппӕт дӕр ут сӕрныллӕг+, уымӕн ӕмӕ Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕгтӕн та хай кӕны йе стыр хорзӕхӕй+.
48 ӕмӕ сын загъта: «Ацы гыццыл сывӕллоны мӕ номы тыххӕй чи суазӕг кӕна, уый суазӕг кӕндзӕн мӕн дӕр. Ӕмӕ мӕн чи суазӕг кӕна, уый та суазӕг кӕндзӕн, мӕн чи рарвыста, уый дӕр+. Уӕдӕ сымахӕй йӕхи иннӕтӕй дӕлдӕрыл+ чи нымайы, уӕлдӕр гъе уый у»+.
26 Сымах та афтӕ ма кӕнут+. Уе ’хсӕн уӕлдӕр чи у, уый йӕхи афтӕ дарӕд, цыма кӕстӕр у+, хистӕр та – цыма лӕггадгӕнӕг у+.
13 Ме ’фсымӕртӕ, Хуыцау уӕ сӕрибардзинадмӕ ӕрхуыдта+. Ӕрмӕст уӕ сӕрибардзинадӕй уӕ тӕригъӕдджын буары монцтӕ ӕфсадынӕн ма архайут+, фӕлӕ, кӕрӕдзи уарзгӕйӕ, кӕрӕдзийӕн цагъары лӕггад кӕнут+.
5 Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, хистӕрты коммӕ кӕсут+. Кӕрӕдзиимӕ уе ’ппӕт дӕр ут сӕрныллӕг+, уымӕн ӕмӕ Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕгтӕн та хай кӕны йе стыр хорзӕхӕй+.