Ӕмбисӕндтӕ 19:17 Библи – Ног дунейы тӕлмац 17 Мӕгуырӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы адӕймаг ӕфстау дӕтты Йегъовӕйӕн+, ӕмӕ йын уый бафиддзӕн йӕ хорздзинад+. Матфейы 10:8 Библи – Ног дунейы тӕлмац 8 Дзӕбӕх кӕнут рынчынты+, ӕгас кӕнут мӕрдты, хъотырджынтӕн сафут сӕ низ ӕмӕ сурут хӕйрӕджыты. Лӕвар райстат – лӕвар дӕттут+. Лукайы 6:38 Библи – Ног дунейы тӕлмац 38 Дӕттут, ӕмӕ уын дӕтдзысты+. Уӕ роны* уын ӕркӕндзысты рӕдауӕй, ӕрнӕмдзысты йӕ, сцӕгъддзысты йӕ ӕмӕ йӕ афтӕ байдзаг кӕндзысты, ӕмӕ ма дзы кӕлгӕ дӕр кӕндзӕн. Уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, ахӕм барӕнӕй бардзысты сымахӕн дӕр»+.
17 Мӕгуырӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы адӕймаг ӕфстау дӕтты Йегъовӕйӕн+, ӕмӕ йын уый бафиддзӕн йӕ хорздзинад+.
8 Дзӕбӕх кӕнут рынчынты+, ӕгас кӕнут мӕрдты, хъотырджынтӕн сафут сӕ низ ӕмӕ сурут хӕйрӕджыты. Лӕвар райстат – лӕвар дӕттут+.
38 Дӕттут, ӕмӕ уын дӕтдзысты+. Уӕ роны* уын ӕркӕндзысты рӕдауӕй, ӕрнӕмдзысты йӕ, сцӕгъддзысты йӕ ӕмӕ йӕ афтӕ байдзаг кӕндзысты, ӕмӕ ма дзы кӕлгӕ дӕр кӕндзӕн. Уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, ахӕм барӕнӕй бардзысты сымахӕн дӕр»+.