Хъуыддӕгтӕ 14:2 Библи – Ног дунейы тӕлмац 2 Чи нӕ баууӕндыд, уыцы дзуттӕгтӕ та иннӕ адӕмты сызмӕстой+ ӕмӕ сӕ ӕфсымӕрты ныхмӕ скодтой+. Хъуыддӕгтӕ 17:5 Библи – Ног дунейы тӕлмац 5 Уӕд дзуттӕгтӕ сӕ фырхӕлӕгӕй+, базары фӕзы дзӕгъӕллӕуд чи кодта, уыдонӕй цалдӕр фыдзонд лӕджы семӕ ракодтой, адӕмы ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ ӕгас горӕт сызмӕстой+. Ӕмӕ Иасоны хӕдзармӕ бабырстой+, цӕмӕй Павел ӕмӕ Силӕйы адӕммӕ ракодтаиккой.
5 Уӕд дзуттӕгтӕ сӕ фырхӕлӕгӕй+, базары фӕзы дзӕгъӕллӕуд чи кодта, уыдонӕй цалдӕр фыдзонд лӕджы семӕ ракодтой, адӕмы ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ ӕгас горӕт сызмӕстой+. Ӕмӕ Иасоны хӕдзармӕ бабырстой+, цӕмӕй Павел ӕмӕ Силӕйы адӕммӕ ракодтаиккой.