Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Ӕмбисӕндтӕ 11:30
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 30 Рӕстгӕнӕг цы дыргъ хӕссы, уый у царды бӕлас+, ӕмӕ адӕмы зӕрдӕтӕм* фӕндаг чи ссары, уый у зондджын+.

  • 2 Коринфӕгтӕм 1:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 Ӕмӕ кӕд зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, уӕд уый тыххӕй, цӕмӕй сымах удӕнцой ссарат ӕмӕ фервӕзат+. Кӕд удӕнцой ссарӕм, уӕд дӕр уый тыххӕй, цӕмӕй сымах ссарат удӕнцой – уыцы удӕнцойы фӕрцы уӕ бон у, мах цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарӕм, ахӕм хъизӕмӕртты фидар фӕлӕууын+.

  • Филиппӕгтӕм 2:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Ӕмӕ кӕд, кувинаг нозт+ нывондыл куыд рауадзынц+, афтӕ ӕз дӕр мӕхи нывондӕн хӕссын, уырнындзинад+ уӕ кӕмӕ сразӕнгард кодта, уыцы лӕггадӕн, уӕддӕр мӕ зӕрдӕ райы ӕмӕ уе ’ппӕтимӕ цин кӕнын+.

  • Колоссӕгтӕм 1:24
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 24 Ӕз цин кӕнын, сымах тыххӕй цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын+, уыдоныл, ӕмӕ йӕ ӕмбарын, мӕ буары мидӕг мӕ Чырыстийы тыххӕй цас фӕхъизӕмар кӕнын хъӕуы, нырма уыйбӕрц кӕй нӕ фӕхъизӕмар кодтон йӕ буары тыххӕй+, ома ӕмбырды+ тыххӕй.

  • 1 Фессалоникӕгтӕм 2:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 Афтӕ тынг уӕ уарзӕм+, ӕмӕ ӕрмӕст уымӕ нӕ уыдыстӕм цӕттӕ, цӕмӕй уын Хуыцауы хорз хабар фехъусын кодтаиккам, фӕлӕ ма цӕттӕ уыдыстӕм сымахӕн нӕ удтӕ* раттынмӕ дӕр+, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕн систут адджын+.

  • Дзуттӕгтӕм 13:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Разамынд уын чи дӕтты+, уыдон ӕдзухдӕр сымахыл тыхсынц, уымӕн ӕмӕ сӕ сымах тыххӕй дзуапп раттын хъӕудзӕн+. Ӕмӕ сӕм уӕдӕ хъусут ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсут+, цӕмӕй уыцы хъуыддаг ӕвӕндонӕй ма кӕной, фӕлӕ зӕрдиагӕй. Ӕвӕндонӕй йӕ куы кӕной, уӕд уый сымахӕн хорз нӕу+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын