Ӕмбисӕндтӕ 1:8 Библи – Ног дунейы тӕлмац 8 Мӕ хъӕбул*, хъус дӕ фыды зондамындмӕ+ ӕмӕ дын дӕ мад цы закъон амоны, уый ма рох кӕн+, Ӕмбисӕндтӕ 6:20 Библи – Ног дунейы тӕлмац 20 Мӕ хъӕбул, дӕ фыды фӕдзӕхст ӕххӕст кӕн+ ӕмӕ дын дӕ мад цы закъон амоны, уый ма рох кӕн+. Ӕмбисӕндтӕ 23:22 Библи – Ног дунейы тӕлмац 22 Дӕ ныййарӕг фыдмӕ хъус+ ӕмӕ, дӕ мад кӕй базӕронд, уый тыххӕй йыл былысчъилтӕ ма кӕн+. Колоссӕгтӕм 3:20 Библи – Ног дунейы тӕлмац 20 Сывӕллӕттӕ, алы хъуыддаджы дӕр уӕ ныййарджытӕм хъусут+, уымӕн ӕмӕ уый цӕуы нӕ Хицауы зӕрдӕмӕ.