Ӕмбисӕндтӕ 15:1 Библи – Ног дунейы тӕлмац 15 Фӕлмӕнӕй дзуапп ратт, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ маст ссӕудзӕн+, рӕхуыст ныхасӕй та маст ссудзы+. Галатӕгтӕм 6:1 Библи – Ног дунейы тӕлмац 6 Ме ’фсымӕртӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ адӕймаг ӕмбаргӕ дӕр ма бакӕна, афтӕмӕй рӕдыд къахдзӕф сараза+. Фӕлӕ-иу уӕддӕр сымах, фӕлтӕрд чырыстӕттӕ*+, бацархайут ахӕм адӕймаджы раст зондыл саразыныл, ӕмӕ уый аразут фӕлмӕнӕй+. Ӕрмӕст уӕ алчидӕр йӕхимӕ кӕсӕд+, цӕмӕй йӕхӕдӕг дӕр ма фӕрӕдийа+. Ефесӕгтӕм 4:2 Библи – Ног дунейы тӕлмац 2 ӕмӕ алкӕддӕр ут сӕрныллӕг+, фӕлмӕн, бирӕфӕразон+, уарзондзинады+ фӕрцы кӕрӕдзийӕн барут*, 1 Тимофеймӕ 6:11 Библи – Ног дунейы тӕлмац 11 Ды та, Хуыцауы адӕймаг, уыдӕттӕй дард лидз+. Фӕлӕ тырн рӕстдзинадмӕ, Хуыцауыл иузӕрдион уай, уымӕ, уырнындзинадмӕ, уарзондзинадмӕ, фидардзинадмӕ ӕмӕ, фӕлмӕн удыхъӕды+ хицау уай, уымӕ. 2 Тимофеймӕ 2:25 Библи – Ног дунейы тӕлмац 25 ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн фӕлмӕнӕй зонд амона+. Кӕд сын Хуыцау ӕрфӕсмон кӕныны фадат раттид+, цӕмӕй, рӕстдзинад* цы у, уый бӕлвырдӕй базоной+, 1 Петры 3:15 Библи – Ног дунейы тӕлмац 15 Уӕ зӕрдӕты Чырыстийы нымайут+ Хицауыл ӕмӕ кады аккагыл* ӕмӕ алкӕддӕр цӕттӕ ут, уӕ ныфсы тыххӕй уӕ чидӕриддӕр фӕрса, уыдонӕн дзуапп раттынмӕ+. Ӕрмӕст сын дзуапп дӕттут сабырӕй+ ӕмӕ уӕзданӕй.
6 Ме ’фсымӕртӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ адӕймаг ӕмбаргӕ дӕр ма бакӕна, афтӕмӕй рӕдыд къахдзӕф сараза+. Фӕлӕ-иу уӕддӕр сымах, фӕлтӕрд чырыстӕттӕ*+, бацархайут ахӕм адӕймаджы раст зондыл саразыныл, ӕмӕ уый аразут фӕлмӕнӕй+. Ӕрмӕст уӕ алчидӕр йӕхимӕ кӕсӕд+, цӕмӕй йӕхӕдӕг дӕр ма фӕрӕдийа+.
11 Ды та, Хуыцауы адӕймаг, уыдӕттӕй дард лидз+. Фӕлӕ тырн рӕстдзинадмӕ, Хуыцауыл иузӕрдион уай, уымӕ, уырнындзинадмӕ, уарзондзинадмӕ, фидардзинадмӕ ӕмӕ, фӕлмӕн удыхъӕды+ хицау уай, уымӕ.
25 ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн фӕлмӕнӕй зонд амона+. Кӕд сын Хуыцау ӕрфӕсмон кӕныны фадат раттид+, цӕмӕй, рӕстдзинад* цы у, уый бӕлвырдӕй базоной+,
15 Уӕ зӕрдӕты Чырыстийы нымайут+ Хицауыл ӕмӕ кады аккагыл* ӕмӕ алкӕддӕр цӕттӕ ут, уӕ ныфсы тыххӕй уӕ чидӕриддӕр фӕрса, уыдонӕн дзуапп раттынмӕ+. Ӕрмӕст сын дзуапп дӕттут сабырӕй+ ӕмӕ уӕзданӕй.