Псалом 34:14 Библи – Ног дунейы тӕлмац 14 Дӕхи хиз ӕвзӕрдзинадӕй ӕмӕ араз хорздзинад+,Архай иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрыныл ӕмӕ уымӕ тырн+. Ромӕгтӕм 12:18 Библи – Ног дунейы тӕлмац 18 Уӕ бон цы у, уый аразут, цӕмӕй алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрат+. Ромӕгтӕм 14:19 Библи – Ног дунейы тӕлмац 19 Цӕй уӕдӕ тырнӕм, фарн+ цы хӕссы ӕмӕ кӕрӕдзийы цӕй фӕрцы ис бафидар кӕнӕн, уымӕ+. 2 Тимофеймӕ 2:22 Библи – Ног дунейы тӕлмац 22 Уымӕ гӕсгӕ, ӕвзонг адӕймаджы зӕрдӕйы цы монцтӕ фӕзыны, уыдонӕй дард лидз+. Ӕмӕ уый бӕсты тырн рӕстдзинадмӕ+, уырнындзинадмӕ, уарзондзинадмӕ ӕмӕ фарнмӕ+ ӕмӕ дӕхи бӕтт, Хицауыл йӕ ныфс сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи дары, уыдоныл+.
22 Уымӕ гӕсгӕ, ӕвзонг адӕймаджы зӕрдӕйы цы монцтӕ фӕзыны, уыдонӕй дард лидз+. Ӕмӕ уый бӕсты тырн рӕстдзинадмӕ+, уырнындзинадмӕ, уарзондзинадмӕ ӕмӕ фарнмӕ+ ӕмӕ дӕхи бӕтт, Хицауыл йӕ ныфс сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи дары, уыдоныл+.