Аввакум 2:20 Библи – Ног дунейы тӕлмац 20 Йегъовӕ та ис йӕ рухс кувӕндоны+. Зӕхх, йӕ разы ныссабыр у!“»+ Дзуттӕгтӕм 8:2 Библи – Ног дунейы тӕлмац 2 Уый лӕггад кӕны* сыгъдӕг бынаты+, ӕцӕг цатыры – уыцы цатыр сӕвӕрдта адӕймаг+ нӕ, фӕлӕ Йегъовӕ+. Дзуттӕгтӕм 9:11 Библи – Ног дунейы тӕлмац 11 Фӕлӕ Чырысти – ныртӕккӕ цы хорздзинӕдтӕй стӕм хайджын, уыдон чи хъуамӕ ӕрхастаид, уыцы хистӕр сауджын+ – куы фӕзынд, уӕд уый кадджындӕр ӕмӕ ӕххӕстдӕр цатырыл, адӕймаджы къухӕй конд чи нӕу, ахӕм, ома ӕндӕр хуызы конд цатырыл+,
11 Фӕлӕ Чырысти – ныртӕккӕ цы хорздзинӕдтӕй стӕм хайджын, уыдон чи хъуамӕ ӕрхастаид, уыцы хистӕр сауджын+ – куы фӕзынд, уӕд уый кадджындӕр ӕмӕ ӕххӕстдӕр цатырыл, адӕймаджы къухӕй конд чи нӕу, ахӕм, ома ӕндӕр хуызы конд цатырыл+,