Оси
5 «Байхъусут, сауджынтӕ+. Лӕмбынӕг хъусут, Израилы адӕм, ӕмӕ ды дӕр, паддзахы хӕдзар+, дӕ хъус ӕрдар. Тӕрхонгонд ӕрцӕудзыстут, уымӕн ӕмӕ Массифӕйӕн къӕппӕгӕй+ уӕлдай не стут, Фаворыл+ хыз ӕрӕппӕрстат. 2 Хуыцауы чи ныууагъта, уыдон бирӕты фӕцагътой+. Ӕз се ’ппӕты дӕр фӕдзӕхстон+. 3 Ӕз Ефремы+ хорз зонын, ӕмӕ Израил дӕр ме ’нӕзонгӕ нӕу+. Ефрем, ды сылгоймӕгтимӕ хӕлд митӕ кӕныс+. Израил йӕхи фӕчъизи кодта+. 4 Сӕ хъуыддӕгтӕ сӕ нӕ уадзынц фӕстӕмӕ сӕ Хуыцаумӕ раздӕхын+, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕрдӕ хӕтынырдӕм у+. Йегъовӕ сӕм нымады дӕр нӕу+. 5 Израилӕн йӕ сӕрбӕрзонддзинад йӕ ныхмӕ ӕргом дзуры+. Израил ӕмӕ Ефрем сӕ тӕригъӕдты тыххӕй фӕкалдысты+. Ӕмӕ Иудӕ дӕр семӕ фӕкалд+. 6 Сӕ фыстӕ ӕмӕ се стуртимӕ ацыдысты ӕмӕ Йегъовӕйы агуырдтой, фӕлӕ йӕ не ссардтой+. Йӕхи сӕ дард айста. 7 Йегъовӕйыл гадзрахатӕй рацыдысты+: дзӕгъӕлзад фырттӕ сын райгуырд+. Иу мӕймӕ сӕ ӕд бынтӕ аныхъуырдзысты+.
8 Гивӕйы+ сыкъайӕ ныууасут!+ Уадындзӕй ныууасут Рамӕйы дӕр! Тохы хъӕр ныккӕнут Беф-Авены+. Дӕ фӕдыл цӕуӕм, Вениамин!+ 9 Ефрем, ӕфхӕрд цы бон баййафдзынӕ, уыцы бон диссагӕн дзуринаг фӕуыдзынӕ+. Израилы ӕппӕт мыггӕгтӕн дӕр фехъусын кодтон, цы сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый+. 10 Зӕххы арӕнтыл фалдӕр чи ахӕцы, уыдоны хуызӕн систы Иудӕйы кънйӕзтӕ+. Мӕ судзгӕ маст сыл донау ныккалдзынӕн. 11 Ефрем ӕфхӕрд баййӕфта, сӕ къӕхты бын ӕй ныккодтой+, ӕмӕ йын раст бакодтой, уымӕн ӕмӕ йӕхиуыл фервӕссыд, ӕмӕ йе знаджы фӕдыл ацыд+. 12 Ӕз Ефремӕн рӕмпӕгӕй+ уӕлдай нӕ уыдтӕн ӕмӕ Иудӕйы хӕдзар бамбийын кодтон.
13 Ефрем федта йӕ низ, ӕмӕ Иудӕ – йӕ хъӕдгӕмттӕ+. Уӕд Ефрем Ассиримӕ+ ацыд ӕмӕ стыр паддзахмӕ ӕххуысмӕ арвыста+. Фӕлӕ уӕ не сдзӕбӕх кодта+, уӕ хъӕдгӕмттӕн уын хос не ссардта+. 14 Ӕз Ефремӕн уыдзынӕн домбайы хуызӕн+, Иудӕйы адӕмӕн – тыхджын домбайы хуызӕн. Акъабӕзтӕ сӕ кӕндзынӕн, ацӕудзынӕн ӕмӕ сӕ ахӕсдзынӕн, ӕмӕ сӕ ничи фервӕзын кӕндзӕн+. 15 Фӕстӕмӕ мӕ бынатмӕ аздӕхдзынӕн ӕмӕ, цалынмӕ сӕ тӕригъӕды тыххӕй ӕфхӕрд нӕ баййафой, уӕдмӕ уым уыдзынӕн+. Уый фӕстӕ мӕ ӕрцагурдзысты+. Уынгӕджы бон сыл куы акӕна+, уӕд мӕ райдайдзысты агурын»+.