Йезекил
12 Уый фӕстӕ мын Йегъовӕ афтӕ загъта: 2 «Адӕймаджы фырт, ды цӕрыс змӕнтӕг адӕмы ’хсӕн+. Уыдонӕн ис цӕстытӕ, цӕмӕй уыной, фӕлӕ нӕ уынынц+, ис сын хъустӕ, цӕмӕй хъусой, фӕлӕ нӕ хъусынц+, уымӕн ӕмӕ змӕнтӕг адӕм сты+. 3 Ды та, адӕймаджы фырт, райс дӕ дзаумӕттӕ, цыма уацары цӕуыс, уыйау, ӕмӕ боныгон сӕ цӕстыты раз ацу уацары. Сӕ цӕстыты раз дӕ бынатӕй сыст ӕмӕ ацу уацары ӕндӕр бынатмӕ. Чи зоны йыл ахъуыды кӕной, кӕд змӕнтӕг адӕм сты, уӕддӕр+. 4 Боныгон сӕ цӕстыты раз рахӕсс дӕ дзаумӕттӕ, цыма уацары цӕуыс, уыйау. Ӕмӕ сӕ цӕстыты раз изӕрӕй рацӕудзынӕ, уацары кӕй фӕцӕйкӕнынц, уыдон куыд рацӕуынц, афтӕ+.
5 Сӕ цӕстыты раз къул бакъах ӕмӕ дӕ дзаумӕттӕ ууылты рахӕсс+. 6 Рахӕсс сӕ де ’ккой сӕ цӕстыты раз. Рахӕсдзынӕ сӕ талынджы. Ӕмӕ дӕ цӕсгом бамбӕрздзынӕ, цӕмӕй зӕхх ма уынай, уымӕн ӕмӕ дӕ ӕз скодтон нысан+ Израилы адӕмӕн»+.
7 Ӕмӕ мын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодтон+. Боныгон мӕ дзаумӕттӕ рахастон, цыма уацары цыдтӕн, уыйау, изӕрӕй та къухӕй бакъахтон къул. Ӕмӕ талынджы мӕ дзаумӕттӕ рахастон. Рахастон сӕ ме ’ккой сӕ цӕстыты раз.
8 Райсомӕй мын Йегъовӕ загъта: 9 «Адӕймаджы фырт, Израилы адӕм, уыцы змӕнтӕг адӕм+ дӕ нӕ фарстой, уый цы кусыс, зӕгъгӕ? 10 Зӕгъ сын афтӕ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Мӕнӕ тӕрхон адӕмы сӕргълӕууӕгӕн+, тӕрхон Иерусалимӕн ӕмӕ Израилы ӕппӕт адӕмӕн, уым чи ис, уыцы адӕмӕн“.
11 Зӕгъ сын: „Ӕз уын дӕн нысан+. Ӕз куыд бакодтон, раст афтӕ бакӕндзысты уыдонӕн. Уыдон ацӕудзысты уацары, уыдзысты ахст+. 12 Сӕ сӕргълӕууӕг, уым чи ис, уый, талынджы йӕ дзаумӕттӕ йе ’ккой рахӕсдзӕн ӕмӕ рацӕудзӕн. Уыдон къул бакъахдзысты, цӕмӕй сӕ дзаумӕттӕ ууылты рахӕссой+. Уый та йӕ цӕсгом бамбӕрздзӕн, цӕмӕй зӕхх цӕстӕй ма фена“. 13 Ӕз ыл мӕ хыз ӕрӕппардзынӕн, ӕмӕ мӕ хызы бахаудзӕн+. Ӕмӕ йӕ ӕркӕндзынӕн Вавилонмӕ, халдейты зӕхмӕ+, фӕлӕ уыцы зӕхх нӕ фендзӕн. Ӕмӕ уым амӕлдзӕн+. 14 Йӕ алыварс чи ис, уыцы ӕххуысгӕнджыты се ’ппӕты дӕр ӕмӕ йын йе ’ппӕт ӕфсӕдтӕ дӕр дымгӕйӕн алырдӕмты фӕхӕссын кӕндзынӕн+. Ӕмӕ мӕ хъама йӕ кӕрддзӕмӕй сласдзынӕн ӕмӕ йӕ сӕ фӕдыл бафтаудзынӕн+. 15 Ӕмӕ сӕ адӕмты ’хсӕн куы ныххӕлиу кӕнон, алы бӕстӕтыл сӕ куы ныппырх кӕнон, уӕд ӕй базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ+. 16 Ӕмӕ ма дзы ныууадздзынӕн цалдӕр адӕймаджы, хъамайӕ+, ӕххормагдзинадӕй ӕмӕ фыднизӕй чи аирвӕза, уыдоны, цӕмӕй, цы адӕмтӕм фӕцӕуой+, уыдонӕн радзурой се ’ппӕт ӕлгъаг+ миты тыххӕй. Ӕмӕ йӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ».
17 Уый фӕстӕ мын Йегъовӕ загъта: 18 «Адӕймаджы фырт, дӕ дзул хӕр зыр-зыр кӕнгӕйӕ, дӕ дон нуаз катай ӕмӕ мӕт кӕнгӕйӕ+. 19 Ӕмӕ зӕгъ адӕмӕн: „Иерусалимы цӕрджыты тыххӕй, Израилы зӕххыл чи ис, уыдоны тыххӕй, Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ зӕгъы афтӕ+: „Сӕ дзул хӕрдзысты мӕт кӕнгӕйӕ, сӕ дон нуаздзысты тӕрсгӕ-ризгӕйӕ. Ӕмӕ зӕхх йедзаг цӕмӕй уыди, уыдӕттӕй сафтид уыдзӕн+ йе ’ппӕт цӕрджыты фыдмиты тыххӕй+. 20 Цӕрджытӕ кӕм ис, уыцы горӕттӕ сафтид уыдзысты+, ӕмӕ зӕхх суыдзӕн ӕдзӕрӕг бӕстӕйы хуызӕн+. Ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“»+.
21 Йегъовӕ мын дарддӕр загъта: 22 «Адӕймаджы фырт, Израилы зӕххыл уын уый цавӕр ӕмбисонд фӕдзурынц+, бонтӕ цӕуынц+, фӕлӕ иу цӕстылуайӕн дӕр нӕма сӕххӕст ис+, зӕгъгӕ? 23 Уымӕ гӕсгӕ сын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ уыцы ӕмбисонд нал уыдзӕн, Израилы йӕ ничиуал дзурдзӕн“+. Зӕгъ сын: „Уыцы бонтӕ ӕрхӕстӕг сты+, ӕмӕ цӕстылуайӕнтӕ иууылдӕр сӕххӕст уыдзысты“. 24 Израилы адӕмы ’хсӕн нал уыдзӕн афтид цӕстылуайӕнтӕ+ ӕмӕ, дӕсны фӕрсгӕйӕ цы гӕдыныхӕстӕ фӕкӕнынц, уыдон+. 25 „Уымӕн ӕмӕ ӕз, Йегъовӕ, зӕгъдзынӕн ныхас, ӕмӕ цы ныхас зӕгъон, уый сӕххӕст уыдзӕн+. Фӕстӕдӕрмӕ йӕ нал аиргъӕвдзынӕн+, уымӕн ӕмӕ уӕ рӕстӕджы+, мӕнӕ змӕнтӕг адӕм, ӕз зӕгъдзынӕн ныхас ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕндзынӕн“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ“».
26 Ӕмӕ мын Йегъовӕ афтӕ загъта: 27 «Адӕймаджы фырт, Израилы адӕм афтӕ зӕгъынц: „Цы цӕстылуайӕн федта, уый нырма тагъд нӕ сӕххӕст уыдзӕн. Йӕ пехуымпар-ныхас у, тагъд чи нӕма уыдзӕн, уыцы рӕстӕджыты тыххӕй“+. 28 Уымӕ гӕсгӕ сын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Мӕ ныхӕстӕй иу дӕр фӕстӕдӕрмӕ нӕ аиргъӕвдзынӕн+. Цы ныхас зӕгъон, уый сӕххӕст уыдзӕн“+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ“»+.