Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • gf 18 ур., 30–31 фф.
  • Ӕнустӕм Хуыцауы хӕлар у!

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕнустӕм Хуыцауы хӕлар у!
  • Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Лӕггад кӕнут, сӕрибардзинад кӕмӕй цӕуы, уыцы Хуыцауӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2018
  • Ӕцӕг сӕрибардзинадӕй цӕй фӕрцы схайджын уыдзыстӕм?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2018
  • Уадз ӕмӕ дын Йегъовӕ ӕцӕг сӕрибардзинад раттӕд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Иегъовӕйӕн кувӕг адӕмы сӕрибардзинад
    Кувут Иунӕг Ӕцӕг Хуыцауӕн
Фылдӕр фенын
Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
gf 18 ур., 30–31 фф.

18 УРОК

Ӕнустӕм Хуыцауы хӕлар у!

Цӕмӕй хӕлар ссарай, уый тыххӕй архайын хъӕуы; цӕмӕй хӕлары ма фесафай, уый тыххӕй дӕр хъӕуы архайын. Хуыцауы хӕлар суӕвыныл куы архайай, уӕд райсдзынӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕ. Йесо, чи йыл ӕууӕндыд, уыдонӕн загъта: «Ӕцӕгад скӕндзӕн сымах сӕрибар» (Иоанны 8:32). Цымӕ уый цы нысан кӕны?

Дыууӕ нӕлгоймаджы дзӕнӕты

Дӕ бон у абон дӕр сӕрибардзинадыл цин кӕнын. Дӕ бон у сӕрибар уай мӕнг ахуырӕдтӕй ӕмӕ, Сайтан цы мӕнгдзинӕдтӕ парахат кӕны, уыдонӕй. Дӕ бон у сӕрибар уай, Иегъовӕйы чи нӕ зоны, уыцы милуангай адӕймӕгты ныфссастдзинадӕй (Ромӕгтӕм 8:22). Хуыцауы хӕлӕрттӕ ма сӕрибар сты суанг «мӕлӕты тасӕй» дӕр (Дзуттытӕм 2:14, 15).

Дӕ бон уыдзӕн Хуыцауы ног дунейы сӕрибардзинадыл цин кӕнын. Фидӕны нӕм цӕй диссаджы сӕрибардзинад ӕнхъӕлмӕ кӕсы! Дзӕнӕтон зӕххыл адӕм сӕрибар уыдзысты хӕстытӕй, низтӕй ӕмӕ фыдракӕндтӕй. Уым нал уыдзӕн мӕгуырдзинад ӕмӕ ӕххормагдзинад; зӕронддзинад ӕмӕ мӕлӕт; тас, ӕфхӕрд ӕмӕ ӕнӕрастдзинад. Библи Хуыцауы тыххӕй дзуры: «Гом кӕныс Дӕ къух ӕмӕ ӕфсадыс ӕппӕт цӕрджыты [Дӕ] фӕндонмӕ гӕсгӕ» (Псалом 144:16).

Хуыцауы хӕлӕрттӕ цӕрдзысты ӕнустӕм. Ӕнусон цард у Хуыцауы зынаргъ лӕвар ӕмӕ йӕ уый ратдзӕн, йемӕ хӕлардзинад чи агуры, уыдонӕн (Ромӕгтӕм 6:23, НФ). Ӕрмӕст ма ахъуыды кӕн, ӕнӕкӕрон цард дын цы ’рхӕсдзӕн, ууыл!

Нӕлгоймаг ӕмӕ гыццыл чызг кӕсынц цӕрӕгоймӕ, сылгоймаг ныв кӕны

Уыдзӕн дын рӕстӕг бирӕ хъуыддӕгтӕн. Ӕвӕццӕгӕн дӕ фӕнды ныв кӕнын кӕнӕ цавӕрдӕр музыкалон инструментыл цӕгъдын сахуыр кӕнын кӕнӕ цӕмӕй хъӕддӕсны суай. Чи зоны, дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы цӕрӕгойты ӕмӕ зайӕгойты миддуне иртасын кӕнӕ дӕ фӕнды балцы ацӕуын ӕмӕ алыхуызон бӕстӕтӕ ӕмӕ адӕмты фенын. Уыцы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр дӕ бон уыдзӕн ӕнусон царды фӕрцы саразын!

Уыдзӕн дын рӕстӕг бирӕ хӕлӕрттӕ ссарынӕн. Ӕнусон царды фӕрцы уыдзӕн, Хуыцауы хӕлар чи сси, уыцы бирӕ адӕймӕгты базонӕн. Базондзынӕ сын сӕ курдиӕттӕ ӕмӕ сӕ диссаджы миниуджытӕ, ӕмӕ уыдон дӕр суыдзысты дӕ хӕлӕрттӕ. Уарздзынӕ сӕ, ӕмӕ дӕ уыдон дӕр уарздзысты (1 Коринфӕгтӕм 13:8). Ӕнустӕм куы цӕрай, уӕд дын уыдзӕн рӕстӕг, цӕмӕй балымӕн уай зӕххы цӕрджытӕй алкӕимӕдӕр! Ӕппӕты хуыздӕр та у, ӕнусӕй-ӕнусмӕ дӕ хӕлардзинад Иегъовӕимӕ кӕй фидардӕр кӕндзӕн, уый! Уӕдӕ ӕнустӕм Хуыцауы хӕлар у!

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын