1 ХАЙ
«Стыр тых»
Ацы хайы Библийӕ цы хабӕрттӕм ӕркӕсдзыстӕм, уыдонӕй базондзыстӕм, Йегъовӕ йӕ тыхы фӕрцы аразгӕ дӕр кӕй кӕны, сафгӕ дӕр, хъахъхъӕнгӕ дӕр ӕмӕ алцыдӕр ногӕй йӕ къахыл кӕй слӕууын кӕны. Йегъовӕ Хуыцау у «стыр тыхы» хицау. Ӕмӕ куы ’мбарӕм, «йе стыр хъаруйӕ» куыд архайы, уый, уӕд нын уый тыхтӕ дӕтдзӕн ӕмӕ нын нӕ ныфс фидар кӕндзӕн (Исай 40:26).