3-аг урок — Кӕд цы ӕрцыд
Рагзаманты рӕстӕг куыд нымадтой ӕмӕ Дзуттаг ӕмӕ Грекъаг Фыстыты ахсджиаг цауты азнымадыл ныхас.
1 Иегъовӕйы зӕд Данелӕн «цӕгаты паддзахы» ӕмӕ «хуссары паддзахы» тыххӕй цӕстылуайӕн куы лӕвӕрдта, уӕд цалдӕр хатты спайда кодта дзырдбаст «нысангонд рӕстӕг»-ӕй (НД) (Дан. 11:6, 27, 29, 35). Иегъовӕ рӕстӕгмӕ йӕ хъус лӕмбынӕг кӕй дары ӕмӕ йӕ фӕндтӕ нысангонд рӕстӕджы кӕй ӕххӕст кӕны, уый ма бӕлвырд кӕнынц бирӕ ӕндӕр стихтӕ дӕр (Лук. 21:24; 1 Фес. 5:1, 2). Йӕ Ныхасы, Библийы нын уый бирӕ «амонӕнтӕ» дӕтты, алыхуызон ахсджиаг цаутӕ кӕд ӕрцыдысты, уый базонынӕн. Фӕстаг азты библион азнымад хуыздӕр райдыдтой ӕмбарын. Археологты ӕмӕ иннӕ ахуыргӕндты иртасӕн куыстытӕ бирӕ ӕнӕмбӕрст фарстатӕм уадзынц рухс, ӕмӕ уый фӕрцы базонӕм, Библийы ахсджиаг цаутӕ кӕд ӕрцыдысты, уый (Ӕмб. 4:18).
2 Рӕнхъон ӕмӕ бӕрцон нымӕцонтӕ. Дыккаг урочы (24 ӕмӕ 25 абзацты) мах дзырдтам, бӕрцон нымӕцонтӕ рӕнхъон нымӕцонтӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц, ууыл. Уыцы хицӕндзинад хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, абон рӕстӕг цы мадзӕлттӕй хынцынц, уыдоны руаджы цавӕрдӕр библион цауы бон куы бӕлвырд кӕнӕм, уӕд. Зӕгъӕм, ахӕм ныхӕстӕ: «Иудӕйы паддзах Иоакимы уацары ӕртын ӕвдӕм азы». Ацы ран «ӕртын ӕвдӕм» у рӕнхъон нымӕцон. Уый амоны, кӕй рацыд 36 ӕнӕхъӕн азы ӕмӕ цалдӕр бон, къуыри кӕнӕ мӕйы (36-ӕм аз куы фӕци, уымӕй цас рӕстӕг рацыд, уымӕ гӕсгӕ) (Иер. 52:31).
3 Паддзах паддзахбадӕныл цы аз ӕрбадт ӕмӕ йӕ хицаудзинады азтӕ. Библи амоны, Иудӕ ӕмӕ Израилы, афтӕ ма Вавилон ӕмӕ Персы паддзахӕдты хъуыддӕгтӕ цы чингуыты фыстой, уыдонмӕ. Уыцы цыппар паддзахады дӕр цы хъуыддӕгтӕ цыд, уыдон бӕстон, фӕд-фӕдыл фыстой паддзӕхты хицаудзинады азтӕм гӕсгӕ. Библийы дӕр хабӕрттӕ раст афтӕ ӕрцыдысты фыст. Тынг арӕх Библи фӕамоны, фиппаинӕгтӕ цы документӕй цӕуынц хаст, уый номмӕ, зӕгъӕм, «Соломоны хъуыддӕгты чиныг» (3 Пад. 11:41). Паддзах-иу паддзахбадӕныл цы аз ӕрбадт, уый-иу ӕххӕст азыл нымад нӕ цыд, йӕ хицаудзинады ӕххӕст азтӕ-иу уый фӕстӕ райдыдтой. Хицаудзинады азтӕ уыдысты, паддзах-иу ӕцӕгдӕр паддзахы бартӕ йӕхимӕ куы райста; нымайгӕ та-иу сӕ кодтой иу нисанӕй иннӕ нисанмӕ, ома иу уалдзӕгӕй иннӕ уалдзӕгмӕ. Паддзах-иу паддзахы бартӕ куы райста, уӕд-иу иннӕ нисаны онг уыцы рӕстӕг хаудта, паддзахбадӕныл куы сбадт, уыцы азмӕ, уыцы аз-иу, зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ размӕ цы паддзах уыд, уый хӕстӕ кӕронмӕ ӕххӕст кодта. Фӕлӕ-иу йӕхӕдӕг кӕй райдыдта хицауиуӕг кӕнын, уый-иу нымайын байдыдтой иннӕ нисаны 1-аг бонӕй.
4 Цӕвиттонӕн райсӕм, Соломон паддзах куы сси, уыцы рӕстӕг. Куыд зыны, афтӕмӕй уый паддзахбадӕныл ӕрбадт н. э. агъоммӕ 1037 азы нисаны размӕ, цалынмӕ ма Давид ӕгас уыд, уӕдмӕ. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Давид амард (3 Пад. 1:39, 40; 2:10). Фӕлӕ Давиды хицаудзинады фӕстаг аз нымад цыд н. э. агъоммӕ 1037 азы уалдзӕгмӕ, ӕмӕ хаудта, паддзах цы 40 азы дӕргъы уыд, уыцы рӕстӕгмӕ. Уӕдӕ Соломон н. э. агъоммӕ 1037 азы уалдзӕгмӕ цы рӕстӕг уыд паддзах, уый нымад цӕуы, паддзахбадӕныл цы аз ӕрбадт, ууыл, ӕмӕ уыцы рӕстӕг нӕй бахӕссӕн йӕ хицаудзинады азтӕм, уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕджы дӕргъы Соломон нырма йӕ фыды хицаудзинады рӕстӕг хӕццӕ кодта кӕронмӕ. Уӕдӕ Соломоны паддзахиуӕг кӕныны фыццаг ӕнӕхъӕн аз райдыдта н. э. агъоммӕ 1037 азы нисанӕй (3 Пад. 2:12). Ӕмткӕй райсгӕйӕ Соломон паддзах уыд 40 ӕнӕхъӕн азы (3 Пад. 11:42). Паддзах паддзахбадӕныл цы аз ӕрбадт, уый йӕ хицаудзинады азтӕм кӕй нӕ хауы, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд, библион азнымадмӕ гӕсгӕ рӕстӕг нымайгӕйӕ, нӕ фӕрӕдийдзыстӕмa.
[Фиппаинаг]
a Ацы фарст иртасгӕйӕ ис ӕркӕсӕн «Фыстады ӕмбарынад»-мӕ, 1 том, 458—467 фф., англ.