Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jy 79 сӕр, 184 ф.–185 ф., 3 абз.
  • Ӕнӕуырнӕг дзуттӕгтӕ фесафинаг цӕмӕн уыдысты?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕнӕуырнӕг дзуттӕгтӕ фесафинаг цӕмӕн уыдысты?
  • Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Адӕм фесӕфтысты, фӕлӕ се ’ппӕт нӕ
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Йесо дзӕбӕх кӕны рынчынты
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Чырыстӕтты сабатбоны закъон ӕххӕст кӕнын хъӕуы?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Сабатбон ӕфсиртӕ тонынц
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
Фылдӕр фенын
Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
jy 79 сӕр, 184 ф.–185 ф., 3 абз.
Сабатбон Йесо сылгоймаджы сдзӕбӕх кодта, ӕмӕ ӕмбырдгӕнӕны хистӕр мӕстӕй рафыхт

79 СӔР

Ӕнӕуырнӕг дзуттӕгтӕ фесафинаг цӕмӕн уыдысты?

ЛУКАЙЫ 13:1–21

  • ДЫУУӔ ХАБАРЫ ФӔРЦЫ АДӔМӔН ЗОНД БАЦАМЫДТА

  • САБАТЫ СДЗӔБӔХ КОДТА, ЧИ НЫКЪКЪӔДЗТӔ, АХӔМ СЫЛГОЙМАДЖЫ

Йесо алы ӕгъдауӕй дӕр архайдта, цӕмӕй адӕм ахъуыды кодтаиккой, Хуыцауы раз сын цавӕр ном ис, ууыл. Ӕмӕ та йын ахӕм фадат фӕзынд, фарисейы хӕдзары алыварс цы адӕм ӕрӕмбырд, уыдонимӕ куы ныхас кодта, уӕд дӕр.

Адӕмӕй йын чидӕртӕ, ӕрӕджы цы бӕллӕх ӕрцыд, уый кой ракодтой. Радзырдтой йын, Ромы ӕвӕрд хицау «Пилат, нывӕндтӕ чи хаста, уыцы галилейӕгты кӕй ныццагъта, уый тыххӕй» (Лукайы 13:1). Цымӕ сӕ уымӕй цы зӕгъын фӕндыди?

Уыцы галилейӕгтӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕмард сты, дзуттӕгтӕй минтӕ Пилаты ныхмӕ куы рацыдысты, ӕмӕ дзы бирӕты куы ныццагъта, уӕд. Уыдон йӕ ныхмӕ рацыдысты, Иерусалиммӕ дон кӕуылты цыдаид, ахӕм донуадзӕн скӕнынӕн кувӕндоны хӕзнадонӕй ӕхцатӕй кӕй райста, уый тыххӕй. Ӕвӕццӕгӕн, Пилат кувӕндоны хицӕуттимӕ сусӕгӕй баныхас кодта, ӕмӕ ӕхцатӕ йӕ къухы афтӕмӕй бафтыдысты. Уыцы ӕвирхъау хабар Йесойӕн чи радзырдта, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ уыцы галилейӕгтыл ахӕм бӕллӕх сӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй ӕрцыд. Фӕлӕ Йесо афтӕ нӕ хъуыды кодта.

Бафарста сӕ: «Афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ сыл кӕд ахӕм бӕллӕх ӕрцыд, уӕд иннӕ галилейӕгтӕй тӕригъӕдджындӕр уыдысты?» Йесойы хъуыдымӕ гӕсгӕ, нӕ уыдысты. Фӕлӕ уый уыд хорз фадат, цӕмӕй дзуттӕгты бафӕдзӕхстаид: «Куы не ’рфӕсмон кӕнат, уӕд сымах дӕр уе ’ппӕт дӕр афтӕ фесӕфдзыстут» (Лукайы 13:2, 3). Уый фӕстӕ сын йӕхӕдӕг ракодта ӕндӕр бӕллӕхы кой. Уый дӕр, ӕвӕццӕгӕн, ӕрӕджы ӕрцыди ӕмӕ уыцы донуадзӕн арӕзтадимӕ баст уыди.

«Афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ Силоамы мӕсыг кӕуыл ныккалд ӕмӕ йӕ быны чи фӕмард, уыцы ӕстдӕс адӕймаджы Иерусалимы иннӕ цӕрджытӕй тӕригъӕдджындӕр уыдысты?» (Лукайы 13:4). Адӕм, чи зоны, афтӕ ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ уыцы адӕм се ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй фӕмард сты. Фӕлӕ та ам дӕр Йесо семӕ разы нӕ уыди. Зыдта йӕ, «кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн», уымӕн кӕй «ничи ницы зоны», ӕмӕ уыцы бӕллӕхӕн дӕр йӕ аххосаг, ӕвӕццӕгӕн, уый уыд (Екклесиаст 9:11). Фӕлӕ дзы адӕм хъуамӕ сӕхицӕн зондӕн цыдӕр райстаиккой. «Куы не ’рфӕсмон кӕнат, уӕд сымах дӕр уе ’ппӕт дӕр афтӕ фесӕфдзыстут»,– загъта Йесо (Лукайы 13:5). Фӕлӕ цымӕ дзуттӕгты уымӕй ныр цӕмӕн бафӕдзӕхста?

Легъуибӕласы къалиуыл сыфтӕртӕ ис, фӕлӕ йыл дыргъ нӕй

Йесойӕн зӕххыл йӕ лӕггад йӕ кӕронмӕ фӕцӕйхӕццӕ кодта, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ радзырдта ахӕм фӕсномыг ныхас: «Иу лӕгӕн йӕ сӕнӕфсирдоны сагъд уыд легъуибӕлас ӕмӕ йӕм бӕрӕггӕнӕг ӕрбацыд, исты йыл ис ӕви нӕ, зӕгъгӕ, фӕлӕ йыл ницы ссардта. Ӕмӕ уӕд сӕнӕфсирдонгӕсӕн загъта: „Ныр ӕртӕ азы цӕуын ацы легъуибӕласмӕ ӕмӕ йыл дыргъ агурын, фӕлӕ йыл ницы ссарын. Акал ӕй! Зӕхх дӕр ма дзӕгъӕлы цы ахсы?“ Фӕлӕ йын уый загъта: „Хицау, ацы аз дӕр ма йӕ бауадз. Ӕз ын йӕ алыварс скъахдзынӕн ӕмӕ йыл фаджыс ныккӕндзынӕн. Ӕмӕ йыл кӕд фидӕнмӕ исты ӕрзайа, уӕд хорз, кӕд нӕ, уӕд-иу ӕй акал“» (Лукайы 13:6–9).

Йесо ныр ӕртӕ азӕй фылдӕр йӕ хъарутыл нӕ ауӕрста, афтӕмӕй «зылди» дзуттӕгты уырнындзинадмӕ. Фӕлӕ йӕ фыдӕбон уадиссаг тыллӕг не ’рхаста. Дзуттӕгтӕй ӕрмӕстдӕр иуӕй-иутӕ систы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ. Ӕмӕ йӕ лӕггады цыппӕрӕм аз ноджы фылдӕр хъарутӕ ӕрӕвӕрдта, цӕмӕй, дзуттӕгты чи ӕвдыста, уыцы легъуибӕласы алыварс скъахтаид ӕмӕ йыл фаджыс ныккодтаид – Иудейӕйы ӕмӕ Перейы хъусын кодта ӕмӕ адӕмы ахуыр кодта. Фӕлӕ уӕддӕр дзуттӕгтӕй Йесойыл ӕрмӕстдӕр иуӕй-иутӕ баууӕндыдысты. Израилы адӕм ӕмткӕй райсгӕйӕ не ’рфӕсмон кодтой, ӕмӕ сын фесафынӕй дарддӕр ницыуал хос уыди.

Дзуттӕгтӕ сӕ зӕрдӕтӕ кӕй ныддур кодтой, уый та рабӕрӕг цасдӕры фӕстӕ, иу сабатбон. Йесо адӕмы ӕмбырдгӕнӕны ахуыр кодта. Ӕмӕ уым федта, 18 азы дӕргъы дӕлимон уӕгъд кӕй нӕ уагъта ӕмӕ чи ныкъкъӕдзтӕ, ахӕм сылгоймаджы. Йесо йын фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ йын загъта: «Хорз ус, дӕ низӕй фервӕзтӕ» (Лукайы 13:12). Йесо сылгоймагыл йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ сылгоймаг уайтагъд сӕмраст ӕмӕ Хуыцауы кадджын кӕнын райдыдта.

Израилаг лӕг йӕ галы скъӕтӕй ракодта

Ӕмбырдгӕнӕны хистӕр уый куы федта, уӕд смӕсты, ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Уӕ куыстытӕ кӕнынӕн уын ис ӕхсӕз боны. Гъемӕ-иу уӕхи дзӕбӕх кӕнынмӕ уыцы бонты цӕут, сабаты та – нӕ» (Лукайы 13:14). Ӕмбырдгӕнӕны хистӕр афтӕ нӕ загъта, зӕгъгӕ, Йесойӕн адӕмы дзӕбӕх кӕнын йӕ бон нӕу, фӕлӕ адӕмы ӕфхӕрынмӕ фӕци, уӕхи дзӕбӕх кӕнынмӕ, дам, сабатбон цӕмӕн ӕрбацыдыстут! Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ Йесо цы загъта, уый ныхмӕ ницы уыди зӕгъӕн: «Цӕстмӕхъустӕ, сабаты уӕ алчидӕр йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕджы йӕ бынатӕй не суадзы ӕмӕ йӕ дон нуазынмӕ нӕ акӕны? Уӕд ацы сылгоймаджы, Авраамы чызджы, Сайтан ӕнӕхъӕн ӕстдӕс азы уӕгъд кӕй нӕ уагъта, уый сабатбон ссӕрибар кӕнын не ’мбӕлд?» (Лукайы 13:15, 16).

Йесойы ныхмӕ чи цыд, уыдонмӕ худинаг ӕркаст. Адӕм та цин кодтой, цы диссаджы хъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдоныл. Уый фӕстӕ уым дӕр, Иудейӕйы, Йесо радзырдта, уымӕй размӕ Галилейӕйы денджызы бӕлӕгъы куы бадт, уӕд Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы дыууӕ фӕсномыг ныхасы радзырдта, уыдон (Матфейы 13:31–33; Лукайы 13:18–21).

  • Йесо дзуттӕгты цавӕр дыууӕ хабары фӕрцы бафӕдзӕхста? Цӕмӕй сӕ бафӕдзӕхста?

  • Легъуибӕласы тыххӕй фӕсномыг ныхас куыд ӕвдисы, дзуттӕгтӕ цы уавӕры уыдысты, уый?

  • Ӕмбырдгӕнӕны хистӕр цӕуыл смӕсты ӕмӕ Йесо уыцы адӕймаджы цӕстмӕ ми куыд раргом кодта?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын