Маст кӕнын; хъыг кӕнын
Библийӕ куыд зыны, адӕймагӕн исчи куы амӕлы, уӕд кӕй фӕмаст кӕны, уым ӕвзӕрӕй кӕй ницы ис?
Цӕмӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй фӕнды баххуыс кӕнын, хъыг чи кӕны, уыдонӕн?
Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы, уый кӕй зонӕм, уый нын удӕнцойы хос цӕмӕн у?
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
Лк 20:37, 38. Йесо бамбарын кодта, мӕрдтӕ ӕнӕмӕнг кӕй райгас уыдзысты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы цӕсты ныр дӕр удӕгас сты.
Ин 11:5, 6, 11–14. Йесойӕн йе ’ввахс ӕмбал Лазӕр куы амард, уӕд Йесо загъта, фынӕй кӕй кӕны, ома, мӕлӕт абарста, адӕймаг фынӕй куыд кӕна, уыимӕ.
Дзт 2:14, 15. Апостол Павел бамбарын кодта, мӕлӕтӕй цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсӕм, уый.
Библийы афтӕ фыст цӕмӕн ис, адӕймагӕн йӕ мӕлӕты бон йӕ райгуырӕн бонӕй хуыздӕр у, зӕгъгӕ?
Библийы мӕлӕты тыххӕй цы фыст ис ӕмӕ Йегъовӕ мӕлӕтӕн цы бакӕндзӕн?
Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл цӕуылнӕ дызӕрдыг кӕнӕм?
Ис 26:19; Ин 5:28, 29; Хъд 24:15
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
Библийы фыст ис, фараст адӕймаджы кӕй райгас. Уыдонӕй аст сӕ райгасы фӕстӕ цардысты зӕххыл. Иу та – Йесо Чырысти – райгас уӕлӕрвты цӕрынӕн. Ацы хабӕрттӕ ныфсы хос уыдзысты, йӕ хионы мӕлӕтыл чи маст кӕны, уыдонӕн.
1Пд 17:17–24. Пехуымпар Илийа горӕт Сидоны райгас кодта сарептӕйаг идӕдз усы лӕппуйы.
2Пд 4:32–37. Пехуымпар Елисей горӕт Сунемы райгас кодта иу лӕппуйы.
2Пд 13:20, 21. Елисей кӕм ныгӕд уыд, уырдӕм мард нӕлгоймаджы баппӕрстой, ӕмӕ Елисейы стджытыл куы андзӕвыд, уӕд райгас.
Лк 7:11–15. Горӕт Наины иу идӕдз усӕн йӕ лӕппу куы амард ӕмӕ йӕ ныгӕнынмӕ куы хастой, уӕд ӕй Йесо райгас кодта.
Лк 8:41, 42, 49–56. Йесо райгас кодта ӕмбырдгӕнӕны хистӕр Иаиры чызджы.
Ин 11:38–44. Йесо йе ’ввахс ӕмбал Лазӕры райгас кодта, ӕмӕ та йӕ хотӕ Марфӕ ӕмӕ Марийӕимӕ цард.
Хъд 9:36–42. Апостол Петр Доркӕйы райгас кодта; Доркӕйы иууылдӕр уарзтой йӕ хорз хъуыддӕгты тыххӕй.
Хъд 20:7–12. Ӕрыгон лӕппу Евтих рудзынгӕй рахауд ӕмӕ амард, ӕмӕ йӕ апостол Павел райгас кодта.
Йегъовӕ Йесо Чырыстийы райгас кодта уӕлӕрвты цӕрынӕн, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн.
Уӕлӕрвты цӕрынӕн чи райгас ӕмӕ ӕнӕмӕлгӕ цард кӕмӕн ис, уыдонӕй Йесо уыд фыццаг; ахӕм хӕрзиуӕг ма райсдзысты 144 000 сӕрст чырыстоны.