Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • scl 23–24 фф.
  • Ӕхца

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕхца
  • Библийы стихтӕ нӕ цардӕн ӕмӕ нӕ лӕггадӕн
Библийы стихтӕ нӕ цардӕн ӕмӕ нӕ лӕггадӕн
scl 23–24 фф.

Ӕхца

Адӕймаг ӕхцауарзаг куы уа, уӕд уый тӕссаг цӕмӕй у?

Кӕс темӕ «Ӕхца ӕмӕ мулк уарзын»

Библийӕ куыд зыны, бинонтӕ дарыны тыххӕй ӕхца кусын ӕвзӕр кӕй нӕу?

Ек 7:12; 10:19; Еф 4:28; 2Фс 3:10; 1Тм 5:8, 18

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рд 31:38–42. Йӕ бинонты фӕдарыны тыххӕй Иаков йӕ каис Лаванмӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй куыста, кӕд ыл уый хинӕй цыд, уӕддӕр, фӕлӕ Йегъовӕ Иаковӕн йӕ фыдӕбоны тыххӕй арфӕ кодта.

    • Лк 19:12, 13, 15–23. Йесойы фӕсномыг ныхасӕй бӕрӕг у, адӕм-иу арӕх иннӕтӕн ӕхца кӕй радтой, цӕмӕй-иу фылдӕр ӕхца бакуыстаиккой.

Ӕхца ӕфстау исыны ӕмӕ ӕфстау дӕттыны тыххӕй Библийы цы фыст ис?

Пс 37:21; Ӕм 22:7

Ӕнӕхъуаджы хӕстӕ кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы?

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Не 5:2–8. Хицау Неемийы рӕстӕджы хӕс чи лӕвӕрдта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ ӕппындӕр нӕ тӕригъӕд кодтой, хӕс сӕ чи дардта, уыдонӕн.

    • Мф 18:23–25. Йесойы фӕсномыг ныхасӕй бӕрӕг у, адӕймаг йӕ хӕс куы нӕ бафида, уӕд, гӕнӕн ис, ӕфхӕрд баййафа.

Адӕймаг искӕимӕ ӕхцаимӕ баст хъуыддаг аразын куы фӕнд кӕна, уӕд цы хъуамӕ сараза, уыцы адӕймаг ӕнӕуырнӕг уа, чырыстон уа ӕви йӕ хӕстӕг, уӕддӕр?

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рд 23:14–20. Саррӕйы баныгӕныны тыххӕй Авраам зӕхх ӕмӕ лӕгӕт куы ӕлхӕдта, уӕд уый сарӕзта ӕвдисӕнты раз, цӕмӕй уый фӕстӕ мачи мацы дзырдтаид.

    • Йер 32:9–12. Йереми йӕ фыдыфсымӕры лӕппуйӕ зӕхх кӕй балхӕдта, уый фӕдыл гӕххӕтт скодта, къопи йын скодта ӕмӕ, ӕхца куы фыста, уӕд ӕвдисӕнтӕ ӕрбакодта.

Ӕхца цӕуыл хардз кӕндзыстӕм, уый пълан кӕнын хорз цӕмӕн у?

Ӕм 21:5; Лк 14:28–30

Цӕмӕн хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй ӕхцайы тыххӕй ма быцӕу кӕнӕм ӕмӕ уый тыххӕй ӕмбырды фарн ма фехӕла?

1Кр 6:1–8

Кӕс ма Ро 12:18; 2Тм 2:24

Нӕ бон куыд у не ’хцайӕ афтӕ пайда кӕнын, цӕмӕй ӕцӕг амондджын уӕм?

Ӕм 11:25; 19:17; Лк 16:9–13; Хъд 20:35

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын