Ӕвзӕр зондахаст
Чырыстӕттӕ сӕхи цавӕр зондахастӕй хъуамӕ хизой?
Адӕмӕй тӕрсын
Пс 118:6; Ӕм 29:25; Мф 10:28; 2Тм 1:7; Рар 21:8
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
Нм 13:25–33. Дӕс сгарӕджы фӕтарстысты ӕмӕ сӕ ныхӕстӕй иннӕ израилӕгты дӕр тас бауагътой.
Мф 26:69–75. Апостол Петр адӕмӕй фӕтарст ӕмӕ Йесойӕ ӕртӕ хатты загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ.
Ӕгъатыр
Д.з 15:7, 8; Мф 19:8; 1Ин 3:17
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
Рд 42:21–24. Иосифы ӕфсымӕртӕ фӕфӕсмон кодтой, се ’фсымӕрӕн ахӕм ӕгъатыр ми кӕй бакодтой, ууыл.
Мч 3:1–6. Йесойӕн тынг хъыг уыди, фарисейтӕ ахӕм дурзӕрдӕ кӕй уыдысты, уый.
Ӕнӕзонд; ӕнӕмбаргӕ
Кӕс ма 1Пт 2:15
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
1См 8:10–20. Пехуымпар Самуил израилӕгтӕн загъта, сӕхицӕн паддзах куы сӕвӕрой, уӕд кӕй фӕфӕсмон кӕндзысты, фӕлӕ йӕм нӕ байхъуыстой.
1См 25:2–13, 34. Навал Давиды курдиат кӕй нӕ сӕххӕст кодта, уый тыххӕй йӕхи дӕр ӕмӕ, йӕ хӕдзары цы нӕлгоймӕгтӕ уыд, уыдоны дӕр, гыццыл ма бахъӕуа, бӕллӕхы хай бакӕна.
Ӕнӕууӕнк кӕнын ӕмӕ аххосджын кӕнын
Цӕвиттон Библийӕ
1См 18:6–9; 20:30–34. Паддзах Саул хъуыды кодта, Давид ыл иузӕрдион кӕй нал у; Саул йӕ фырт Ионафаны дӕр Давиды ныхмӕ саразынмӕ хъавыд.
Ӕхцауарзаг; мулкуарзаг
Кӕс ма 1Ин 2:15, 16
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
Иов 31:24–28. Кӕд Иов тынг хъӕздыг уыд, уӕддӕр Хуыцауы йӕ мулкӕй фылдӕр уарзта.
Мч 10:17–27. Хъӕздыг лӕг йӕ мулк тынг уарзта, ӕмӕ уый тыххӕй Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг не сси.
Загъдуарзаг
Зивӕг кӕнын
Зыд кӕнын
Кӕс темӕ «Зыд кӕнын»
Иннӕты ницӕмӕ дарын
Кӕс темӕ «Ницӕмӕ дарын кӕйдӕр кӕнӕ цыдӕр»
Кадуарзаг; хиуыл фервӕссын
Кӕс ма Ӕм 3:7; 26:12; Ро 12:16
Кӕс ма темӕ «Хиуыл фервӕссын»
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
2См 15:1–6. Авессалом уыд хиппӕлой ӕмӕ архайдта, цӕмӕй адӕмы зӕрдӕ балхӕдтаид ӕмӕ йӕ фыд Давиды бӕсты паддзах суыдаид.
Дан 4:29–32. Паддзах Навуходоносор сӕрбӕрзонд кӕй уыд, уый тыххӕй йӕ Йегъовӕ бафхӕрдта.
Маст хӕссын; масты фӕдыл цӕуын
1См 30:6; Пс 37:8, 9; Ӕм 29:22; Еф 4:31; Кл 3:8, 19
Кӕс ма Ӕм 14:17; 15:18; Иак 3:14
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
Рд 37:18, 19, 23, 24, 31–35. Иосифыл йе ’фсымӕртӕ сӕхи ныццавтой, цагъарӕй йӕ ауӕй кодтой ӕмӕ афтӕ бакодтой, цӕмӕй Иаковы бауырныдтаид, йӕ уарзон фырт кӕй амард, уый.
Рд 49:5–7. Симеон ӕмӕ Леви сӕ масты фӕдыл ацыдысты, ӕмӕ ӕгъатыр митӕ бакодтой, ӕмӕ сын уый тыххӕй тӕрхон хаст ӕрцыд.
1См 20:30–34. Паддзах Саул йӕ маст нӕ баурӕдта, ӕмӕ йӕ фырт Ионафаны бафхӕрдта, суанг ма йӕ марынмӕ дӕр хъавыд.
1См 25:14–17. Навал Давиды адӕмӕн алывыдтӕ акалдта ӕмӕ уый тыххӕй, гыццыл ма бахъӕуа, йӕ хӕдзары цы нӕлгоймӕгтӕ уыд, уыдоны бабын кӕна.
Авд 10–14. Едомӕгтӕ се ’фсымӕртӕм, израилӕгтӕм, сӕ зӕрдӕйы маст хастой ӕмӕ сын бирӕ цыдӕртӕ бавзарын кодтой; уый тыххӕй сӕ Хуыцау бафхӕрдта.
Нӕхи рӕстгӕнджытыл нымайын
Ек 7:16; Мф 7:1–5; Ро 14:4, 10–13
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
Мф 12:1–7. Фарисейтӕ сӕхи рӕстгӕнджытыл нымадтой, фӕлӕ Йесо раргом кодта, ӕцӕгӕй ахӕмтӕ кӕй нӕ уыдысты.
Лк 18:9–14. Йесо фӕсномыг ныхасы фӕрцы бамбарын кодта, йӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл чи нымайы, уый Хуыцауы хорзӕх кӕй не ссардзӕн.
Ныхмӕ цӕуын; змӕнтын
Сӕрбӕрзонд; хъал
Кӕс темӕ «Сӕрбӕрзонддзинад»
Фыдзӕрдӕ дарын; искӕмӕ ӕнӕуынон цӕстӕй кӕсын
Хӕлӕг кӕнын; искӕй цы у, уымӕ бӕллын
Кӕс ма темӕ «Хӕлӕг кӕнын»
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
Рд 26:12–15. Йегъовӕ Исахъы фыдӕбонӕн арфӕ кодта, ӕмӕ йӕм филистимӕгтӕ хӕлӕг кӕнын райдыдтой.
1Пд 21:1–19. Фыдзӕрдӕ паддзах Ахав Навуфейӕн йӕ сӕнӕфсирдонмӕ бабӕллыд, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ ныхмӕ фыдвӕнд скодтой ӕмӕ йӕ амардтой.
Хивӕнд
Кӕс ма Йер 7:23–27; Зх 7:11, 12
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
2Аз 36:11–17. Седеки уыди фыдзӕрдӕ ӕмӕ хивӕнд паддзах; йӕ хъуыддӕгтӕ уымӕ ӕркодтой, ӕмӕ Хуыцау Израилы адӕмы бафхӕрдта.
Хъд 19:8, 9. Апостол Павел ныууагъта, йӕ зӕрдӕ чи ныддур кодта ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабарыл чи не ’ууӕндыд, уыцы адӕмы.
Цӕстмӕ митӕ
Кӕс темӕ «Цӕстмӕ митӕ»