Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w00 1/2 3 ф.
  • Ӕнтыстдзинады дӕгъӕл цы у?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕнтыстдзинады дӕгъӕл цы у?
  • Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хъусын кӕнӕм ӕнӕрынцойӕ
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2008
  • Дӕ зӕрдӕ искӕуыл кӕнӕ дӕхиуыл куы фӕхуда, уӕддӕр дӕ ныфс ма асӕттӕд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Дарддӕр дӕр архай адӕймагӕн баххуыс кӕныныл
    Адӕмы уарз. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕн
  • Дӕ куыстӕй райгонд цӕй фӕрцы уыдзынӕ?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
w00 1/2 3 ф.

Ӕнтыстдзинады дӕгъӕл цы у?

ДЫУУӔ сӕрӕн лӕппулӕджы цадӕггай цӕттӕ кодтой цавӕрдӕр ӕнахуыр аппарат фӕстаг фӕлварӕнмӕ. Ӕнӕнхъӕлӕджы радымдта тыхджын дымгӕ, сӕ аппарат сын фелвӕста, уӕлдӕфы йӕ ныззылдта ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ зӕххыл ӕрӕппӕрста. Нӕлгоймӕгтӕ мӕстджынӕй ӕнӕдзургӕйӕ лӕууыдысты. Бирӕ цӕуыл фӕфыдӕбон кодтой, уымӕй ма баззад сугтӕ ӕмӕ ӕфсӕйнӕгтӕ.

Орвилл ӕмӕ Уилбер Райтыл 1900 азы октябры цы цау ӕрцыд — уӕлдӕфӕй уӕззаудӕр тӕхӕн аппарат саразын — уый сӕ фыццаг рӕдыд нӕ уыд. Сӕ эксперименттыл фӕфыдӕбон кодтой цалдӕр азы ӕмӕ ма бахардз кодтой тынг бирӕ ӕхца дӕр.

Фӕлӕ сӕ хъӕддыхдзинады руаджы ӕнтыстджын уыдысты. 1903 азы 17 декабры Китти-Хокы (АИШ, штат Цӕгат Каролинӕйы) ӕфсымӕртӕ суагътой, 12 секунды уӕлдӕфы цы модель фӕци, уый. Абон хӕдтӕхджытӕ цас тӕхынц, уый уыимӕ абаргӕйӕ бирӕ нӕ уыд уӕлдӕфы, фӕлӕ фаг уыд, цӕмӕй дуне фӕивтаид!

Ӕнтыстдзинад баст у хъӕддыхдзинадыл. Цӕмӕй ног ӕвзаг кӕнӕ дӕсныйад сахуыр кӕнай ӕмӕ ма искӕимӕ хӕлариуӕг кӕнын райдайай, уый тыххӕй бирӕ архайын хъӕуы. «Дӕс хъуыддагӕй фараст, сӕйраджыдӕр, ӕнтыстджын вӕййынц зӕрдӕбын куысты руаджы»,— загъта фыссӕг Чарлз Темплтон. Журналист Леонард Питтс кӕстӕр загъта: «Мах дзурӕм курдиатыл, разы кӕнӕм ӕнтыстдзинадыл, фӕлӕ арӕх ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕм нӕ хъус нӕ дарӕм. Уыдон сты зӕрдӕбын куыст ӕмӕ бирӕ ӕнӕнтыстдзинӕдтӕ. Ӕмбисӕхсӕвмӕ кусын».

Уый тыххӕй Библийы раджы уыд фыст: «Ӕнувыдӕй чи кусы, уыдон ӕлдариуӕг кӕндзысты» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 12:24). Ӕнувыддзинад нысан кӕны ӕппӕт тыхтӕй архайын. Нӕ разы цы хӕстӕ сӕвӕрдтам, уыдон цӕмӕй нӕ къухы бафтой, уый тыххӕй хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм.

[Ныв барлӕвӕрдӕй 3 фарсыл]

U.S. National Archives photo

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын