«Айсут мын мӕ лӕвар»
АЦЫ ныхӕстӕ ист сты, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиал Уӕрӕсейы цы писмо райста, уырдыгӕй. Писмоимӕ филиал райста иу стыр къопп – йедзаг уыд къуымбил цъындатӕй.
Уыцы лӕвар ӕрӕрвыста иу 67-аздзыд сылгоймаг, Аллӕ. Уый у Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕмӕ цӕры Дард Скӕсӕны. Ныр дӕс азы дӕргъы Аллӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕны ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар зӕрдиагӕй хъусын кӕны. Хъыгагӕн ын уыд инсульт ӕмӕ йӕ уӕнгтӕ се ’ппӕт, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нал змӕлынц. Фӕлӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты бирӕ кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ Аллӕ дӕр бакодта, Доркӕ куыд кодта, афтӕ – фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстон сылгоймаг Доркӕ йе ’мчырыстӕттӕн дзаумӕттӕ хуыдта (Хъуыддӕгтӕ 9:36, 39).
Йӕ писмойы Аллӕ ныффыста: «Мӕ бон мӕ къӕхтӕ змӕлын кӕнын нӕу, фӕлӕ мӕ къухтӕ нырма змӕлынц. Уымӕ гӕсгӕ писмотӕ фыссын, ӕмӕ афтӕмӕй хъусын кӕнын хорз хабар». Дарддӕр Аллӕ фыссы: «Ахъуыды кодтон, зӕгъын-ма цалынмӕ мӕ бон мӕ къухтӕ змӕлын кӕнын у, уӕдмӕ сбийон хъарм цъындатӕ. Фӕнды мӕ, цӕмӕй ацы цъындатӕ фӕхӕццӕ уой, уазал кӕм у, ахӕм рӕтты Паддзахады залтӕ чи аразы, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм, зӕгъӕм, Дард Скӕсӕны ӕмӕ Сыбыры».
Йе ’цӕг фӕдылдзӕуджыты тыххӕй Йесо Чырысти загъта: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уе ’хсӕн уарзондзинад куы уа» (Иоанны 13:35). Аллӕ цы уарзондзинад равдыста, ахӕм уарзондзинадӕй бӕрӕг дарынц Чырыстийы ӕцӕг ахуыргӕнинӕгтӕ.