Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w09 1/1 11 ф.
  • «Фӕзмут Хуыцауы»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Фӕзмут Хуыцауы»
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Ӕнусон цардӕй нын зӕрдӕ чи ӕвӕры, уый фӕзмӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Донаргъуыды фӕстӕ дӕр дӕ удыхъӕд ногмӕ ив
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
  • Йегъовӕйау тӕригъӕдгӕнаг у
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Хуыцауы адӕм хъуамӕ уарзой хӕларзӕрдӕдзинад
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2004
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
w09 1/1 11 ф.

Баввахс ут Хуыцаумӕ

«Фӕзмут Хуыцауы»

Ефесӕгтӕм 4:32–5:2

ХӔЛАРЗӔРДӔ. Тӕригъӕдгӕнаг. Хатыргӕнаг. Уарзӕгой. Хъыгагӕн, ахӕм адӕм бирӕ нӕй. Дӕуӕй та цы зӕгъӕн ис? Искуы дӕм афтӕ фӕкӕсы ӕмӕ цасфӕнды ма архайай, уӕддӕр дӕм ахӕм миниуджытӕ никуы фӕзындзӕн? Ноджы ма де ’взӕр миниуджытӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ дӕ зӕрдыл куы ’рлӕууынц, уӕд дӕ къухтӕ ӕруадзыс, ницы мӕ рауайдзӕн, зӕгъгӕ? Фӕлӕ Библийы фыст ис, не Сфӕлдисӕг кӕй зоны, нӕ бон хорзӕрдӕм ивын кӕй у.

Библи Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджыты разӕнгард кӕны: «Уӕдӕ, уарзон хъӕбултау, фӕзмут Хуыцауы» (Ефесӕгтӕм 5:1). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытыл кӕй ӕууӕнды. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Йегъовӕ Хуыцау адӕймаджы сфӕлдыста йӕхимӕ гӕсгӕ, йӕхи хуызӕн (Райдиан 1:26, 27). Уый ууыл дзурӕг у ӕмӕ Хуыцаумӕ йӕхимӕ цы миниуджытӕ ис, уыдонӕй адӕймаджы дӕр схайджын кодтаa. Библи нӕ куы фӕразӕнгард кӕны, «фӕзмут Хуыцауы», зӕгъгӕ, уӕд нын, цыма, Йегъовӕ йӕхӕдӕг фӕдзуры: «Уӕ бон бауыдзӕн! Ӕз ӕй зонын, кӕд ӕнӕххӕст стут, уӕддӕр уӕ бон кӕй у мӕн бафӕзмын».

Хуыцауы миниуджытӕй нӕ бон кӕцытӕ у фӕзмын? Уый бӕрӕг у Ефесӕгтӕм 4:32 стихӕй. Уым фыст ис хӕларзӕрдӕдзинады тыххӕй, кӕрӕдзийы зын кӕй хъуамӕ ӕмбарӕм ӕмӕ хатыр кӕй хъуамӕ кӕнӕм. Ацы ныхӕсты фӕстӕ Павел загъта, «уӕдӕ» фӕзмут Хуыцауы, зӕгъгӕ (Ефесӕгтӕм 5:1). Уый фӕстӕ нын Павел фӕдзӕхсы иннӕты удуӕлдайӕ уарзын (Ефесӕгтӕм 5:2). Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй хӕларзӕрдӕ, тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ хатыргӕнаг уӕм, уӕд хъуамӕ фӕзмӕм Йегъовӕ Хуыцауы.

Цӕмӕ нӕ хъуамӕ фӕнда Хуыцауы фӕзмын? Павел зӕгъы: «Уарзон хъӕбултау, фӕзмут Хуыцауы». Куыд зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ сты! Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты фӕлмӕн уарзтӕй уарзы, фыд йӕ хъӕбулты куыд уарзы, афтӕ. Чысыл лӕппу йӕ фыды хуызӕн уа, уымӕ куыд фӕбӕллы, раст афтӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр хъуамӕ бӕллой, цӕмӕй сӕ уӕларвон Фыды хуызӕн уой.

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ адӕм барвӕндонӕй фӕзмой. Афтӕ сӕ сфӕлдыста, цӕмӕй сӕхӕдӕг ӕвзарой, куыд бакӕной, уый. Уӕдӕ Хуыцауы фӕзмдзынӕ ӕви нӕ, уый дӕхицӕй кӕнгӕ у (Дыккаг закъон 30:19, 20). Фӕлӕ дӕ рох макуы уӕд, дӕ бон кӕй у Хуыцауы миниуджытӕ фӕзмын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауы фӕзмӕм, уый тыххӕй хъуамӕ зонӕм, цавӕр Хуыцау у, уый. Библийӕ базонӕн ис Хуыцауы миниуджытӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты тыххӕй. Милуангай адӕмы бафӕнды уыцы миниуджытӕ фӕзмын.

[Фиппаинаг]

a Колоссӕгтӕм 3:9, 10 стихтӕм гӕсгӕ Хуыцау адӕймаджы йӕхи хуызӕн кӕй сфӕлдыста, уый нысан кӕны, цыдӕр миниуджытӕй йӕ кӕй схайджын кодта. Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды, уый хъуамӕ йӕ «удыхъӕд ногмӕ раива... чи йӕ сфӕлдыста, уый [Хуыцауы] удыхъӕдмӕ гӕсгӕ».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын