Иегъовӕйы ном хъусын кӕнӕм ӕппӕт зӕххыл
1 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куы загъта, зӕгъгӕ, «суанг зӕххы кӕронмӕ» ӕвдисӕнтӕ ут, уӕд сын йӕхӕдӕг равдыста цӕвиттон (Ап. к. 1:8). Адӕмыл кӕдфӕнды дӕр ӕмӕ кӕмфӕнды дӕр куы ӕмбӕлд, уӕд сын дзырдта Хуыцауы фӕндоны тыххӕй. Йесойы фӕзмгӕйӕ, ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар пайда кӕны алыхуызон мадзӕлттӕй, цӕмӕй Иегъовӕйы ном «ӕппӕт зӕххыл» хъуыстгонд ӕрцӕуа (Ис. 12:4, 5).
2 Ивгъуыд рӕстӕджыты цы сарӕзтой. Ивгъуыд азты хорз уацхъуыд хъусын кӕныны тыххӕй пайда кодтой газеттӕй; рауагътой «Сфӕлдыстады фотодрамӕ» ӕмӕ йӕ милуантӕ федтой; пайда кодтой, йӕ сӕрыл рупор кӕмӕн уыд, ахӕм машинӕтӕй, тынгдӕр та пайда кодтой фонографтӕй ӕмӕ цасдӕр рӕстӕджы та радиойӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдон, фыццаджыдӕр, архайдтой адӕмимӕ сӕрмагондӕй ныхас кӕныныл, цӕмӕй чи цымыдис кодта, уыдонӕн баххуыс кодтаиккой. Афтӕмӕй рабӕрӕг — хӕдзарӕй-хӕдзармӕ цӕуын хорз фадат кӕй дӕтты Иегъовӕйы ном алыран дӕр хъусын кӕнынӕн (Ап. к. 5:42).
3 Цы аразынц абон. Рӕстӕг кӕй ивы, уымӕ гӕсгӕ цард уӕззаудӕр кӕны ӕмӕ бирӕ рӕтты адӕмы сӕ хӕдзӕртты арӕх нӕй баййафӕн. Алчи нӕ ары рӕстӕг кӕсынӕн ӕмӕ духовон хъуыддӕгтыл хъуыды кӕнынӕн. Уӕдӕ нӕ алыварс цы уавӕр ис, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ хъусын кӕнӕм. Нӕ участокыл иудадзыг цӕуӕм хӕдзарӕй-хӕдзармӕ, ӕмӕ ма адӕм кӕм ис, уырдӕм дӕр; «кӕддӕриддӕр цӕттӕ» стӕм нӕ ныфсы тыххӕй дзурынмӕ (1 Петры 3:15). Уымӕ гӕсгӕ дзурӕм не ’мкусджытӕн, не ’мкъласонтӕн, уынджы, паркты, машинӕты лӕууӕнты, дуканиты, ӕмӕ ма адӕм кӕмдӕриддӕр ис, уым. Иегъовӕйы фӕрцы ӕнтыстджын стӕм. Ды дӕр адӕмӕн алыран дӕр хъусын кӕныс?
4 Цӕй уӕдӕ нӕ бон цы у, уый аразӕм, цӕмӕй нӕ территорийы Иегъовӕйы ном хъусын кӕнӕм. Зӕрдӕбынӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нын уый стыр циндзинад ӕрхӕсдзӕн, Иегъовӕ та ӕрбакӕндзӕн сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы (Иоан. 6:44).