Хъусинӕгтӕ
◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Мартъийы: «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад». Бацархай, цӕмӕй искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай. Апрель ӕмӕ Майы: «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы хицӕн номыртӕ. Чи бацымыдис кодта уыдонӕн раттӕн ис брошюрӕ «Цы домы». Бацархай, цӕмӕй хӕдзары Библи ахуыр кӕнын райдайай. Июны: «Хуыцау махӕй цы домы?». Бацархай, цӕмӕй искӕимӕ хӕдзары Библи ахуыр кӕнын райдайай.
◼ Апрель ӕмӕ майы ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдон хъуамӕ ныр аскъуыддзаг кӕной, цӕмӕй развӕлгъау курдиат бадӕттой. Уый баххуыс кӕндзӕн хистӕр нӕлгоймӕгтӕн уацамындон хъуыддӕгтӕ спълан кӕнынӕн ӕмӕ журналтӕ ӕмӕ ӕндӕр публикацитӕ ӕрцӕттӕ кӕнынӕн. Ӕххуысгӕнӕг пионертӕй нысангонд чи ӕрцӕуа, уыдон мыггӕгтӕ алы мӕй дӕр ӕмбырды хъӕудзӕн хъусын кӕнын.
◼ Сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг кӕнӕ уый кӕй снысан кодта, уыцы ӕфсымӕр 1 мартъийы кӕнӕ та цалдӕр боны фӕстӕ ӕмбырды ӕхцайы хыгъдмӕ хъуамӕ ӕркӕса. Ӕмбырды иннӕ мӕйы хыгъд куы зӕгъат, уӕд фехъусын кӕнут ӕмбырды ӕхца нымад кӕй ӕрцыд.
◼ Ӕрымысӕн Изӕр 2000 азы уыдзӕн 19 апрелы, ӕртыццӕджы. Уе ’мбырды фембӕлдтӕ ӕртыццӕджы куы уой ӕмӕ Паддзахады Залы фембӕлдты графикмӕ гӕсгӕ фадат куы уа, уӕд сӕ хъӕуы ӕндӕр бонмӕ ахӕссын. Фӕлӕ уымӕн фадат куы нӕ уа, уӕлдайдӕр та лӕггаддзинады фембӕлдӕн, уӕд уе ’мбырдӕн ахсджиаг цы ӕрмӕг уыдзӕн, уый ис иннӕ лӕггаддзинады фембӕлды программӕмӕ бахӕссӕн
◼ Облӕстон конгресты расписанийы ивындзинӕдтӕ:
23—25 июны: Ижевск. 7—9 июлы: Краснодар. 11—13 августы: Комсомольск-на Амуре.
◼ Ног публикацитӕ:
«Артын зындон — Хуыцауы мастисӕн?» (Т-74) — французаг
«Библион радзырдты чиныг» (гыццыл) (предмет № 5322; Smy) — хъазахаг
«Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауы фӕндон иумӕйагӕй ӕххӕст кӕнынц ӕппӕт зӕххыл» (je) — азербайджайнаг
«Куыд ис фӕхуыздӕргӕнӕн дзурын ӕмӕ ахуыр кӕныны курдиӕттӕ?» (ht) — хъыргъызаг
«Цӕй мидӕг ис царды нысаниуӕг? Куыд ӕй ис ссарӕн?» (pr) — сомихаг
«Чи у Йесо Чырысти?» (Т-24) — китайаг (хуымӕтӕг)
◼ Ног аудиокассетӕтӕ:
«Куы амӕлы зӕрдиаг адӕймаг» (предмет № 1037; cswe) — англисаг
◼ Ног видеокассетӕтӕ:
«Фӕсивӕды фарстытӕ. Куыд ис ссарӕн ӕцӕг хӕлӕрттӕ?» (предмет № 2313; vcfe; ацы кассетӕ уагъд ӕрцыд Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрыгон фӕсивӕдӕн, цӕмӕй сӕ бон хорз хӕлӕрттӕ арын уа) — англисаг
◼ Брайлы шрифтыл рацыд ног публикаци:
«Хуыцау махӕй цы домы?» (иу том) — уырыссаг
◼ Брайлы шрифтыл уагъд публикаци райсынӕн хъӕуы арвитын хицӕн заказ фыстӕджы хуызы. Хъуамӕ йыл уа ӕмбырды службӕйон комитеты къухфыст. Уӕ хорзӕхӕй, ныффыссут ыл: «ОТДЕЛ БРАЙЛЯ». Ныффыссут ыл, Брайлы шрифтыл уагъд публикацитӕй чи пайда кӕндзӕн, уыцы адӕймаджы ном ӕмӕ адрис. Ацы заказ нӕ хъӕуы хӕссын, ӕмбырд литературӕ заказ кӕнынӕн цы бланкӕй (S-14) пайда кӕны, уырдӕм.