Теократон лӕггаддзинады скъола — фӕлхат кӕнын
2000 азы 3 январӕй райдайгӕ къуырийӕ 17 апрелӕй райдайгӕ къуырийы онг Теократон лӕггаддзинады скъолайы цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уый фӕлхат цӕудзӕн ӕнӕ чингуытӕй. Амынд рӕстӕгмӕ хицӕн гӕххӕттыл ныффысс дзуаппытӕ.
(Бахъуыды кӕн: фысгӕ фӕлхаты рӕстӕджы фарстытӕн дзуапп дӕттынӕн ӕрмӕстдӕр Библийӕ ис пайдагӕнӕн. Фарстыты кӕрон ӕрмӕгмӕ цы амындтӕ ис, уыдон хъуамӕ уӕхӕдӕг раиртасат.)
Бацамон, ацы бӕлвырдгӕнӕнтӕ раст сты ӕви нӕ:
1. Цӕмӕй нын Иегъовӕ раарфӕ кӕна, уый тыххӕй нӕ иуӕй-иу хатт бахъӕуы ӕнхъӕлмӕ кӕсын, уымӕн ӕмӕ йӕ Иегъовӕ зоны, махӕй алкӕйдӕр цы хъӕуы, ӕмӕ нын ӕй йӕ афоныл ратты (Пс. 144:16; Иак. 1:17) (w 98 1.1. 23 ф., 5 абз., уырыс.).
2. Израилӕгтӕм фӕдзӕхсты ковчег кӕй уыд, уый ӕнтыстдзинады нысан нӕ уыд. Иегъовӕйы арфӕдзинад баст уыд ковчег кӕмӕ уыд, уыдоны духовон уавӕрыл ӕмӕ сӕ коммӕгӕсдзинадыл (Йесо Нав., 7-ӕм сӕр) (Библийы ӕрвылкъуырион каст).
3. Цӕмӕй абон духовон ӕгъдауӕй ӕфсӕст уӕм, уый тыххӕй ӕрмӕст Иегъовӕйы ныхӕстӕ кӕсын дӕр фаг у (Дык. з. 8:3) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w 85 15.11. 17 ф., 15, 17 абз., уырыс.).
4. Моисейы Закъоны лӕвӕрд принцип, кӕцы фыст у Дыккаг закъоны 23:20-ӕм стихы, ӕвдисы, ӕхца проценттыл цы чырыстон дӕтты, уымӕ фаг уарзондзинад кӕй нӕй (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w 87 15.3. 12 ф., 9 абз., уырыс.).
5. Йесо Навин ӕмӕ Халевы хъусинаг хицӕн кодта оптимизмӕй, уымӕн ӕмӕ сӕ ныфс уыд, израилӕгтӕн сӕ бон кӕй суыдаид Зӕрдӕвӕрд зӕхх бацахсыны тыххӕй ӕппӕт цӕлхдуртӕ дӕр аиуварс кӕнын (Ным. 13:31) (w 98 1.6. 4 ф., 4 абз.).
6. Павел фыццаг ӕрвысты Тимофеймӕ «хӕрзиуӕгыл» куы дзырдта, уӕд уымӕй Тимофейы зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, сыгъдӕг удӕй кӕй у сӕрст ӕмӕ йӕм уӕларвон хорзӕх кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый (1 Тим. 4:14, НФ) (w 98 15.2. 25 ф., 2 абз., уырыс.).
7. Библийы дзырдӕуы Паддзахады Мыггаджы ӕрцыдыл, фӕлӕ Йесо Навины чиныг нӕу уыимӕ баст (bsi00 Библийы 6-ӕм чиныг, 24 абз., уырыс.).
8. Тӕрхонгӕнджыты чиныджы дзырдӕуы, Израилы-иу цалынмӕ паддзӕхтӕ нӕ фӕзынд, уӕдмӕ-иу адӕм кӕй равзӕрстой ӕмӕ-иу хицӕуттӕй кӕй сӕвӕрдтой, уыцы нӕлгоймӕгты тыххӕй (bsi00 Библийы 7-ӕм чиныг, 2 абз., уырыс.).
9. Тӕрхонгӕнджыты 6:37—39-ӕм стихты Гедеоны курдиатӕй бӕрӕг у, хъавгӕйӕ кӕй архайдта ӕмӕ кӕй не ’ууӕндыд, уый (Библийы ӕрвылкъуырион каст).
10. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты куы бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ «фӕндагыл салам макӕмӕн дӕттут», уӕд бахахх кодта, ӕвӕстиатӕй кӕй хъӕуы хъусын кӕнын ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй кӕй хъӕуы уыцы ахсджиаг хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнын, уый (Лукайы 10:4) (w 98 1.3. 30 ф., 5 абз., уырыс.).
Дзуапп ратт дӕлдӕр лӕвӕрд фарстытӕн:
11. Иегъовӕйы ныхӕстӕ ныййарджытӕ алкӕддӕр сӕ зӕрдыл цӕмӕн хъуамӕ дарой? (Дык. з. 6:5, 6) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w 98 1.6. 20 ф., 4 абз., уырыс.).
12. Бинонты хистӕр куыд хъуамӕ спайда кӕна Дыккаг закъоны 11:18, 19-ӕм стихты фыст принципӕй? (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс fy 70 ф., 14 абз., уырыс.).
13. Библи куыд ӕмбарын кӕны, лыгъд цагъар Онисим, цасдӕр рӕстӕг кӕй уыд апостол Павелимӕ, цалынмӕ Павел Филимонмӕ ныффыста, уӕдмӕ? (w 98 15.1. 30 ф., 2 абз., уырыс.).
14. Ӕнӕрастдзинадыл сӕмбӕлгӕйӕ цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй ӕрхӕндӕг ма уӕм ӕмӕ нын цардмӕ пессимистон ахаст ма уа? (w 98 1.6. 5 ф., 2, 3 абз.).
15. Йесо Навин ӕмӕ Гедеон Хуыцауы закъонӕн тынг кӕй аргъ кодтой, уый куыд равдыстой? (Дык. з. 20:8, 15—18) (bsi00 Библийы 5-ӕм чиныг, 32 абз., уырыс.).
16. Йесо Навины чиныджы 10:10—14-ӕм стихты фыст цаутӕ куыд ӕвдисынц, Армагеддоны цы уыдзӕн, уый? (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w 87 15.5. 21 ф. 12 абз. — 22 ф. 14 абз., уырыс.).
17. Искӕмӕн йӕ уагахастӕй куы раппӕлай, уӕд цавӕр ӕртӕ фадыджы хӕссы пайда? (Абар Фӕсномыг ныхӕстӕ 15:23.) (w 98 1.2. 31 ф., 5, 6 абз., уырыс.).
18. Йесо Навины чиныджы 20:4-ӕм стихмӕ гӕсгӕ адӕймаг куыд лидзы сахармӕ, кӕцыйӕн йӕ рагфӕлгонц уыд ӕмбӕхсӕн сахар? (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w 87 15.5. 22 ф., 16 абз., уырыс.).
19. Тӕрхонгӕнджыты чиныджы 5:31-ӕм стих куыд амоны, Киссоны комы тӕрхонгӕнӕг Варак кӕй фӕуӕлахиз Сисарӕйы тыхджын ӕфсадыл ӕмӕ уый абон ахсджиаг кӕй у, уымӕ? (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w 89 15.9. 20 ф., 4 абз., уырыс.).
20. Куыд хъуамӕ аргъ кӕнӕм Тӕрхонгӕнджыты 7:21-ӕм стихы фыст принципӕн, «ӕмӕ алчидӕр лӕууыд йӕ бынаты», зӕгъгӕ? (Библийы ӕрвылкъуырион каст).
Ацы хъуыдыйӕдтӕ баххӕст кӕн ӕмбӕлон дзырдтӕ кӕнӕ фразӕтӕй:
21. Цӕмӕй Иегъовӕйы арфӕдзинад тынгдӕр ӕнкъарӕм, уый тыххӕй хъуамӕ дарддӕр дӕр ․․․․․․․․ ӕмӕ хъуамӕ Иегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм, цӕмӕй йын йӕ удцырын Ныхасы ахуырӕдтӕ ․․․․․․․․ (1 Тим. 4:8, 9) (w 98 1.1. 24 ф., 6 абз., уырыс.).
22. Иегъовӕ нӕ уарзы цӕстмӕ митӕ, уымӕн ӕмӕ уый баст у ․․․․․․․․ ӕмӕ ․․․․․․․․, сӕйраджыдӕр та йын ․․․․․․․․ иумӕйагӕй ницы ис (w 98 1.2. 30 ф., 2, 3 абз., уырыс.).
23. Йесо Навины номӕн йӕ фыццаг хай нысан кӕны ․․․․․․․․. Йесо Навин пехуымпарадон хуызы уыд ․․․․․․․․ рагфӕлгонц (bsi00 Библийы 6-ӕм чиныг, 5 абз., уырыс.).
24. Йесойы фӕсномыг ныхасмӕ гӕсгӕ, кӕцы ис Матфейы 7:24—27-ӕм стихты, зондджын ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕндзысты стыр ӕндӕвдады раз фидар фӕлӕууынӕн, куы сын дӕттой ․․․․․․․․, кӕцытӕ сын баххуыс кӕндзысты ․․․․․․․․ ӕмӕ ахӕм ӕндӕвдады ․․․․․․․․ (w 98 15.2. 9 ф., 1 абз., уырыс.).
25. Тӕрхонгӕнджыты чиныджы историон цау хауы, ․․․․․․․․ мӕлӕтӕй ․․․․․․․․ рӕстӕджытӕм, ома сты ․․․․․․․․ азмӕ ’ввахс (bsi00 Библийы 7-ӕм чиныг, 5 абз., уырыс.).
Ацы ныхӕсты ссар раст дзуаппытӕ:
26. Уасиат фыссын у (ӕмбырды хъуыддаг; алкӕмӕндӕр йӕхи хъуыддаг; ӕцӕг чырыстӕтты домӕн) (Гал. 6:5) (w 98 15.1. 19 ф., 6 абз., уырыс.).
27. Павел сразӕнгард кодта Филимоны, цӕмӕй (Онамы; Онисифоры; Онисимы) хорз райстаид, фӕлӕ уый куыд апостол афтӕ йӕ бартӕй не спайда кодта ӕмӕ йын бардзырд нӕ ратта, цӕмӕй афтӕ сарӕзтаид кӕнӕ цӕмӕй Филимон йӕ цагъары ауагътаид (Филим. 21) (w 98 15.1. 31 ф., 1 абз., уырыс.).
28. Йесо цы хъотырджынты сдзӕбӕх кодта, уыдон тыххӕй цы цау ис, уым дзырдӕуы иу стыр рӕдыдыл: (ӕнӕууӕнкдзинадыл; ӕгоммӕгӕсдзинадыл; ӕбузныгдзинадыл) (Лук. 17:11—19) (w 98 15.2. 5 ф., 1 абз., уырыс.).
29. Раавы уагахаст Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕй фӕцыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ дзуапп иерихойнӕгтӕн, кӕцытӕ хъавыдысты израилаг бӕрӕггӕнджыты ахсынмӕ, амоны, зӕгъгӕ, (адӕймагӕн йӕхи хъуыддаг у фӕсайа ӕви нӕ; ничи у хӕсджын, цӕмӕй раст информаци хъусын кӕна, уый зонын кӕмӕн не ’мбӕлы, уыдонӕн; уый дунейы фӕндаг кӕронмӕ нӕма ныууагъта) (Йесо Нав. 2:3—5; абар Ромӕгтӕм 14:4) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w 93 15.12. 25 ф., 1 абз., уырыс.).
30. Йесойы цӕвиттон, кӕцы фыст у Иоанны 13:5-ӕм стихы, амоны (хӕларзӕрдӕдзинадмӕ; тӕригъӕд кӕнынмӕ; сӕрныллӕгдзинадмӕ), искӕй тыххӕй адӕймаджы цыфӕнды ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕ куыстмӕ дӕр цы разӕнгард кӕны, уымӕ (w 98 1.7. 7 ф., 6 абз.).
Ацы хъуыдыйӕдтӕм ссар Фыстадӕй ӕмбӕлон тексттӕ:
Дык. з. 7:3, 4; 17:7; 25:11, 12; 28:3; Иер. 15:20.
31. Сфӕлдисӕджы цӕстӕнгас ӕрдон оргӕнтӕм хъуамӕ ӕххуыс кӕна, чырыстон бинонтӕ сывӕллӕтӕ рауадзынӕй сӕхи куыд хъахъхъӕндзысты, уымӕн (Дык. з. 25:11, 12) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w 99 15.6. 28 ф., 1—4 абз., уырыс.).
32. Цалынмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз уацхъуыд хъусын кӕнӕм, уӕдмӕ нын Иегъовӕ кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл ма хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм (Иер. 15:20) (кӕс w 98 1.3. 28 ф., 1 абз., уырыс.).
33. Библийы фӕдзӕхст нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нӕхи бахъахъхъӕндзыстӕм кӕуинаг фӕстиуджытӕй, кӕцытӕ фӕзынынц чырыстон ӕнӕуырнӕг адӕймагимӕ иу ӕфсондзы бын йӕ сӕр куы ӕркъул кӕны, уӕд (Дык. з. 7:3, 4) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w 90 1.4. 18 ф., 11 абз., уырыс.).
34. Хуыцауы арфӕдзинад баст нӕу нӕ цӕрӕнбынатыл кӕнӕ ныл Хуыцауӕн лӕггаддзинады цы хӕс ис, ууыл (Дык. з. 28:3) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w 96 15.6. 15 ф., 15 абз., уырыс.).
35. Фыццаг ӕрвысты Коринфӕгтӕм фӕндзӕм сӕры хъоды кӕныны тыххӕй Павел цы уынаффӕтӕ ратта, уыдон бындуриуӕг кӕнынц Иегъовӕйы Закъоныл (Дык. з. 17:7) (Библийы ӕрвылкъуырион каст).