Уарзондзинад нӕ разӕнгард кӕны хъусын кӕнынмӕ
1 Мах, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ӕппӕты тынгдӕр зындгонд стӕм, Паддзахады тыххӕй зӕрдиагӕй кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй (Матф. 24:14). Ӕгас дунейыл архайынц ӕхсӕз милуан хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр; цымыдисгӕнаг адӕм хъусын кӕнын куы райдайынц, уӕд уыдон дӕр бахауынц уыцы нымӕцмӕ. Ацы бӕрӕггӕнӕнтӕ арӕзт цӕуынц, хъусын кӕныны хъуыддаджы хайад чи исы, уыдоны нымӕцмӕ гӕсгӕ.
2 Цы нӕ разӕнгард кӕны ахӕм, зӕгъӕн ис, уӕззау хӕслӕвӕрд барвӕндонӕй ӕххӕст кӕнынмӕ? Тыххӕй нын ӕй ничи кӕнын кӕны, уӕдӕ дзы ӕхца дӕр нӕ кусӕм кӕнӕ нын уый тыххӕй уӕлдай кад ничи кӕны. Фыццаг-иу нӕ бирӕтӕ хъусын кӕнын нӕ уӕндыдысты, уымӕн ӕмӕ-иу ӕнхъӕлдтой, нырма сӕм бирӕ зонындзинӕдтӕ кӕй нӕй кӕнӕ-иу арӕх адӕм кӕй нӕ хъуыстой, уый тыххӕй (Матф. 24:9). Чи нӕ уыны, уыдонӕн сӕ фылдӕр не ’мбарынц, уыцы хъуыддаг аразынмӕ нӕ цы разӕнгард кӕны, уый. Уӕдӕ нын хъуамӕ уа фидар бындур, цӕмӕй йӕ дарддӕр дӕр кӕнӕм.
3 Уарзондзинады тых. Йесо куы загъта, зӕгъгӕ, хъуамӕ «бауарзай дӕ Хицау Хуыцауы дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕмӕ дӕ ӕппӕт удӕй, ӕмӕ дӕ ӕппӕт зондӕй, ӕмӕ дӕ ӕппӕт хъаруйӕ», уӕд радта ӕппӕты ахсджиагдӕр фӕдзӕхст (Мар. 12:30). Мах уарзӕм Иегъовӕйы, ӕмӕ уыцы уарзондзинадӕн ис фидар бындур: ӕмбарӕм, чи у ӕмӕ цавӕр бынат ахсы, уый — Стыр Хуыцау, ӕппӕтдӕр чи сфӕлдыста ӕмӕ «аккаг [чи] у райсын кад ӕмӕ намыс ӕмӕ тых» (Рар. 4:11). Йӕ диссаджы миниуджытӕн ницӕимӕ ис абарӕн (Рац. 34:6, 7).
4 Иегъовӕйы кӕй зонӕм ӕмӕ йӕ кӕй уарзӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй нӕ рухс ӕрттива адӕмы раз (Матф. 5:16). Нӕ рухс уӕд ферттивы, Иегъовӕйы адӕмы раз куы фӕкадджын кӕнӕм, йӕ диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй йын куы фӕдзурӕм ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй уацхъуыд куы фӕхъусын кӕнӕм. Арвы астӕуты чи тӕхы, растдӕр нӕм уыцы зӕдау ис «мыггагмӕйы Евангели, цӕмӕй хорз уацхъуыд хъусын кӕнӕм... алы адӕмы хатт ӕмӕ фӕлтӕрӕн, ӕмӕ ӕвзагӕн, ӕмӕ адӕмӕн» (Рар. 14:6). Ӕгас дунейыл цы хъусын кӕныны хъуыддаг цӕуы, уым архайынмӕ нӕ разӕнгард кӕны уарзондзинад.
5 Адӕм нын нӕ уацамынд нымайынц, хъус дарын кӕмӕ нӕ хъӕуы, ахӕм «ӕнӕзонддзинадыл» (1 Кор. 1:18). Алырдыгӕй архайынц нӕ куыст бауромыныл. Мах не стыр уарзондзинад разӕнгард кӕны апостолты фӕзмынынмӕ, афтӕ чи загъта: «Махӕн нӕ бон нӕу цы федтам ӕмӕ цы фехъуыстам, уыдон нӕ дзурын... Фылдӕр коммӕ кӕсын хъӕуы адӕймӕгтӕн нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕн» (Ап. к. 4:20; 5:29). Кӕд ныхмӕлӕудыл ӕмбӕлӕм, уӕддӕр хъусын кӕныны хъуыддаг дарддӕр дӕр цӕуы ӕгас зӕххы къорийыл.
6 Нӕ уарзондзинад Иегъовӕмӕ у пиллон арты хуызӕн ӕмӕ нӕ уый разӕнгард кӕны йӕ диссаджы миниуджыты тыххӕй дзурынмӕ (Иер. 20:9; 1 Пет. 2:9, НД). Мах дарддӕр дӕр «адӕмӕн хъусын кӕндзыстӕм йӕ хъуыддӕгты тыххӕй... уымӕн ӕмӕ уый сарӕзта стыр хъуыддӕгтӕ»! (Ис. 12:4, 5).