Теократон лӕггаддзинады скъола — фӕлхат кӕнын
2001 азы 7 майӕ райдайгӕ къуырийӕ 20 августӕй райдайгӕ къуырийы онг Теократон лӕггаддзинады скъолайы цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уый фӕлхат цӕудзӕн ӕнӕ чингуытӕй. Амынд рӕстӕгмӕ хицӕн гӕххӕттыл ныффысс дзуаппытӕ.
(Бахъуыды кӕн: фысгӕ фӕлхаты рӕстӕджы фарстытӕн дзуапп дӕттынӕн ӕрмӕстдӕр Библийӕ ис пайдагӕнӕн. Фарстыты кӕрон ӕрмӕгмӕ цы амындтӕ ис, уыдон хъуамӕ уӕхӕдӕг раиртасат.)
Зӕгъ, ацы хъуыдытӕ раст сты ӕви нӕ:
1. Неемийы 2:4-ӕм стихы Нееми кӕй куывта, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ ма цы акодтаид, уый кӕй нал зыдта (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w86 15.7. 10 ф., 8 абз., уыр.).
2. Дзырд «аргъуан» кӕнӕ «ӕмбырд» тӕлмац у грекъаг дзырд екклесиа-йӕ, амоны иудзинадмӕ ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнынмӕ (w99 15.5. 25 ф., 4 абз., уыр.).
3. Граждайнаг хицауад закъӕттӕ раст ӕххӕст кӕна ӕви нӕ, уӕддӕр ӕцӕг чырыстӕттӕн се ’мкъайад хъуамӕ регистрацигонд уа уыцы хицауадӕй (kl 122 ф., 11 абз.).
4. Иов куы цард, уӕд уый йеддӕмӕ Иегъовӕйыл иузӕрдион иу адӕймаг дӕр нӕ уыд (Иов 1:8) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w92 1.8. 31 ф., 3, 4 абз., уыр.).
5. Савл кӕнӕ Павел йӕхи дарынӕн цатыртӕ кӕй хуыдта, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ мӕгуыр бинонтӕй уыд (Ап. к. 18:2, 3) (w99 15.5. 30 ф., 2 абз., 31 ф., 1 абз., уыр.).
6. Кӕд Давид уӕззау тӕригъӕдтӕ ракодта, уӕддӕр Иегъовӕйӕн йӕ бон уыд зӕгъын, «ӕппӕт зӕрдӕйӕ мӕ фӕндӕгтыл цыд», зӕгъгӕ, Давид йӕ рӕдыдтытыл кӕй ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ йӕм хорз миниуджытӕ кӕй уыд, уый тыххӕй (3 Пад. 14:8) (w99 15.6. 11 ф., 4 абз., уыр.).
7. Искӕмӕн истӕмӕй зӕрдӕ куы бавӕрӕм ӕмӕ Библийы ныхмӕ куы нӕ уа, уӕд хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй бацархайӕм нӕ ныхас сӕххӕст кӕныныл, кӕд нӕм уый фӕстӕдӕр зын кӕса, уӕддӕр (Пс. 14:4) (Библийы ӕрвылкъуырион каст).
8. Псаломы 21:1-ӕм стих ӕвдисы, Давидӕн уӕззау уавӕрты йӕ уырнындзинад фидар кӕй нал уыд, уый (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w87 15.1. 22 ф., 19 абз., уыр.).
9. Чырыстон, гӕнӕн ис, «ахауа», цыдӕр ын куы нӕ бантыса, цӕмӕйдӕр куы фӕфыдӕнхъӕл уа, йе та юридикон кӕнӕ финансон ӕгъдауӕй йӕ уавӕр куы фӕива, уӕд; фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг уды ӕмӕ йӕ уарзӕгой лӕггадгӕнджыты ӕххуысӕй «сыстдзӕн», ома йӕ уырнындзинад бынтондӕр не ’рлӕмӕгъ уыдзӕн (Пс. 36:23, 24, НД) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w87 1.4. 22 ф., 14 абз., уыр.).
10. Рацыды 21:22, 23-ӕм стихты ӕххуысӕй хуыздӕр ӕмбарӕм, Хуыцауӕн, гуыбыны чи ис, уыцы сывӕллоны цард дӕр зынаргъ кӕй у, уый (kl 128 ф., 21 абз.).
Дзуапп ратт дӕлдӕр лӕвӕрд фарстытӕн:
11. Ездрӕ ӕмӕ йӕ ӕххуысгӕнджытӕ Закъон куыд «ӕмбарын кодтой»? (Неем. 8:8) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w86 15.7. 11 ф., 4 абз., уыр.).
12. Иегъовӕйыл кӕд «фӕцин кӕнӕм»? (Неем. 8:10) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w86 15.7. 11 ф., 9 абз., уыр.).
13. «Иерусалимы цӕрыныл барвӕндонӕй чи сразы», уыдон арфӕгонд цӕмӕн ӕрцыдысты? (Неем. 11:2) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w86 15.7. 11 ф., 12 абз., уыр.).
14. Есфир цӕуылнӕ тагъд кодта паддзахӕн йӕ фӕндоны тыххӕй зӕгъыныл? (Есф. 5:6—8, «Мах дуг» № 4, 2000 аз) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w86 15.8. 21 ф., 18 абз., уыр.).
15. Иовы чиныджы цавӕр дыууӕ ахсджиаг фарстайӕн ис дзуапп? (bsi01 18 ф., 1 абз.).
16. Елифазы уынаффӕ Иовӕн йӕ ныфс бынтондӕр цӕмӕн асаста ӕмӕ йӕ бон цӕуылнӕ сси Иовы бафидар кӕнын? (Иов 21:34; 22:2, 3) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w95 15.2. 27 ф., 5, 6 абз., уыр.).
17. Цы у псалом? (bsi01 21 ф., 2 абз.).
18. Псаломы 2:1-ӕм стихы куыд дзырдӕуы, уымӕ гӕсгӕ цавӕр «дзӕгъӕл фӕнд кӕнынц» адӕмтӕ? (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w87 15.1. 22 ф., 5 абз., уыр.).
19. Филипп самариӕгтӕн ӕмӕ эфиопаг лӕгӕн кӕй хъусын кодта, уымӕ гӕсгӕ цавӕр ахаст хъуамӕ дарӕм адӕммӕ? (Ап. к. 8:6—13, 26—39) (w99 15.7. 25 ф., 2 абз., уыр.).
20. Иов куыд равдыста, кӕй ӕууӕндыд, Хуыцауӕн йӕ бон кӕй у, цӕмӕй йӕ райгас кӕна мӕрдтӕй, йӕ хъизӕмӕрттӕй йӕ бон фервӕзын кӕм уыд, уырдыгӕй? (Иов 14:7, 13—15) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w00 15.5. 27 ф., 7 абз. 28 ф., 1 абз., уыр.).
Ацы хъуыдыйӕдтӕ баххӕст кӕн хъӕугӕ дзырдтӕ кӕнӕ дзырдты къордтӕй:
21. Есфиры 8:17-ӕм стихы («Мах дуг» № 4, 2000 аз) дзырдӕуы, зӕгъгӕ, адӕмтӕй бирӕтӕ «систы иудейтӕ»; афтӕ абон дӕр, ․․․․․․․․ «ӕндӕр фысты» къордӕй слӕууыдысты, ․․․․․․․․ фарс (Рар. 7:9; Иоан. 10:16; Зах. 8:23) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w86 15.8. 22 ф., 14 абз., уыр.).
22. Куыстыты 1:7-ӕм стихмӕ гӕсгӕ кӕд Иегъовӕ ․․․․․․․․ аргъ кӕны, уӕддӕр, адӕмӕй дзуапп цы бон ӕрдома, уыцы бон ӕрцӕудзӕн куыд ․․․․․․․․, адӕм ӕм куы нӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсой, уӕд (2 Пет. 3:10) (w99 1.6. 5 ф., 2, 3 абз., уыр.).
23. Цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус сӕ кӕрӕдзиимӕ зӕрдӕбынӕй ныхас кӕной, уый тыххӕй хъуамӕ сӕ кӕрӕдзийыл ӕууӕндой, ӕнӕхин уой ӕмӕ кӕрӕдзи ӕмбарой; уымӕ гӕсгӕ дыууӕ уды дӕр хъуамӕ ӕмбарой, ․․․․․․․․ кӕй баиу сты, уый, стӕй ма хъуамӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ дӕр ․․․․․․․․, цӕмӕй адджынӕй, ӕнӕ мастӕй цӕрой (w99 15.7. 21 ф., 3 абз., уыр.).
24. Хорз ӕмбӕлттӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй, Библи ӕгъдау ӕмӕ уырнындзинад фидар кӕныны тыххӕй цы дзуры, уымӕй ․․․․․․․․ пайда кӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй Иегъовӕйӕн ․․․․․․․․ лӕггад кӕнӕм (w99 1.8. 24 ф., 3 абз., уыр.).
Ацы хъуыдыйӕдтӕ баххӕст кӕн раст дзуаппытӕй:
25. Мардохей «паддзахы кулдуары раз кӕй бадти», уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ (уыд паддзахы хъахъхъӕнӕг; уыд паддзах Ахашверошы бӕрнон лӕггадгӕнджытӕй сӕ иу; ӕнхъӕлмӕ каст, цӕмӕй паддзахимӕ фембӕлдаид) (Есф. 2:19, 20, «Мах дуг» № 4, 2000 аз) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w86 15.8. 21 ф., 9 абз., уыр.).
26. Иовы 19:25—27-ӕм стихтӕй бӕрӕг куыд у, афтӕмӕй Иов ӕууӕндыд, (цӕстылуайӕн фенгӕйӕ; уӕларвон цардмӕ куы райгас уа, уӕд; Иегъовӕйы тыххӕй ӕцӕгад базонынӕн йӕ ӕмбарындзинады цӕстытӕ кӕй байгом уыдзысты, уый руаджы) «Хуыцауы [кӕй] фендзӕн», ууыл (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w94 15.11. 19 ф., 17 абз., уыр.).
27. Ӕппӕты тынгдӕр Иовы хъуыды кӕнынц йӕ (уарзондзинады; хӕларзӕрдӕдзинады; фӕразондзинады) тыххӕй (Иак. 5:11) (bsi01 20 ф., 41 абз.).
28. Псалтир фыст цыд (ӕртӕсӕдӕ; фондзсӕдӕ; мин) азы бӕрц (bsi01 22 ф., 4 абз.).
29. Куыд зыны, афтӕмӕй (Давид; Асаф; Ездрӕ) Псаломты чиныг сарӕзта, ныр куыд у, афтӕ (bsi01 22 ф., 6 абз.).
30. Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ цард нын дӕтты гаранти (иннӕтӕ нӕм алкӕддӕр хорз ахаст кӕй дардзысты; абон хъӕздыг цард кӕй кӕндзыстӕм; раст кӕй архайӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ Хуыцау хорзыл кӕй банымайдзӕн) (kl 118 ф., 2 абз.).
Ацы хъуыдыйӕдтӕм ссар Фыстадӕй ӕмбӕлон тексттӕ:
Неем. 3:5; Пс. 11:3; 18:8; Фӕс. н. 3:9, 10.
31. Хъуамӕ сӕрыстыр ма уӕм, уӕззау куыст нӕ сӕрмӕ хӕссӕм ӕмӕ зӕрдиагӕй архайӕм (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w86 15.7. 10 ф., 12, 19 абз., уыр.).
32. Ӕцӕг кувынад парахат кӕнынӕн куы дӕттӕм нӕ рӕстӕг, нӕ тыхтӕ ӕмӕ нӕ фӕрӕзтӕ, уыимӕ ма ӕхца дӕр, уӕд нын Иегъовӕ раарфӕ кӕндзӕн (kl 120 ф., 8 абз.).
33. Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй Иегъовӕ нӕ хӕлар уа, уӕд хъуамӕ уӕм ӕнӕхин ӕмӕ цӕстмӕмитӕ ма кӕнӕм (Библийы ӕрвылкъуырион каст).
34. Адӕймаг Хуыцауы закъон куы ӕххӕст кӕна, уӕд ын уыдзӕн уазал суадоны донау ӕмӕ йын фидар кӕндзӕн йӕ уырнындзинад (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w00 1.10. 21 ф., 4 абз.).