Теократон лӕггаддзинады скъола — фӕлхат кӕнын
2001 азы 3 сентябрӕй райдайгӕ къуырийӕ 24 декабрӕй райдайгӕ къуыримӕ Теократон лӕггаддзинады скъолайы цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уый фӕлхат цӕудзӕн ӕнӕ чингуытӕй. Амынд рӕстӕгмӕ хицӕн гӕххӕттыл ныффысс дзуаппытӕ, цас фылдӕр, уыйбӕрц хуыздӕр.
(Бахъуыды кӕн: фысгӕ фӕлхаты рӕстӕджы фарстытӕн дзуапп дӕттынӕн ӕрмӕстдӕр Библийӕ ис пайдагӕнӕн. Фарстыты фӕстӕ цы ӕрмӕг ис амынд, уымӕ хъуамӕ уӕхӕдӕг ӕркӕсат. «Хъахъхъӕнӕг мӕсыгмӕ», гӕнӕн ис, фарс ӕмӕ абзац алкӕд ма уой амынд.)
Зӕгъ, ацы хъуыдытӕ раст сты ӕви нӕ:
1. Псаломы 57:5-ӕм стихы (НД) раст дзырдӕуы, кобрӕйӕн кӕй ис хъустӕ, фӕлӕ кӕй нӕ хъусы, уымӕн ӕмӕ у къуырма (Библийы ӕрвылкъуырион каст).
2. Псаломы 67:12-ӕм стихы (НД) цы «тынг бирӕ» сылгоймӕгты тыххӕй дзырдӕуы, уыдон уыдысты, израилаг нӕлгоймӕгтӕ, се знӕгтыл куы фӕуӕлахиз сты, уӕд уацарӕй кӕй суӕгъд кодтой, уыцы фӕсарӕйнаг сылгоймӕгтӕ (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w87 15.3. 23 ф., 1 абз., уыр.).
3. Павелы ныхӕстӕ, «дӕ лӕппуйы азтӕм зынӕрвӕссоны цӕстӕй мачи-иу кӕсӕд», зӕгъгӕ, дзурӕг сты ууыл, ӕмӕ Тимофей нырма уыд бынтон ӕрыгон кӕнӕ йыл цыди иу-ссӕдз азы (1 Тим. 4:12, НФ) (w99 15.9. 29 ф., 1—3 абз.; 31 ф., 3 абз., уыр.).
4. Псаломы 109:1-ӕм стихы «мӕ Хицау» хауы Йесомӕ (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w94 1.6. 28 ф., 5 абз., уыр.).
5. Псаломты чиныджы Иегъовӕйы ном ӕмбӕлы иу-700 хатты ӕмӕ йӕ цыбыр формӕ «Иагъ» та — 43 хатты, афтӕмӕй алы псаломы дӕр Хуыцауы ном ис рӕстӕмбисӕй 5 хатты (bsi01 24 ф., 23 абз.).
6. Фӕсномыг ныхӕсты чиныг ахуыргӕнгӕйӕ мах ахуыр кӕнӕм Соломоны зонд (bsi01 27 ф., 1 абз.).
7. Библийы Фӕсномыг ныхӕсты 21:17-ӕм стихы цы уынаффӕ ис, зӕгъгӕ, хъӕуы «хъазын ӕмӕ худын уарзынӕй» хи хизын, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хорз нӕу хи ирхӕфсын, уымӕн ӕмӕ уӕд ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕн рӕстӕг нал вӕййы (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w97 1.10. 27 ф., 7 абз., уыр.).
Дзуапп радт дӕлдӕр лӕвӕрд фарстытӕн:
8. Йесо Марфӕйӕн фӕлмӕнӕй кӕй бауайдзӕф кодта, уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд? (Лукайы 10:40, 41) (w99 1.9. 30 ф., 7 абз., уыр.).
9. Куыд апарахат тӕригъӕд ӕппӕт адӕймагадыл? (kl 58 ф., 13 абз.).
10. Иегъовӕ псаломзарӕггӕнӕджы цавӕр «кадмӕ» райста? (Пс. 72:24) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w87 15.8. 21 ф., 3 абз., уыр.).
11. Хуыцау фыддзинад кӕй ӕруагъта, уый руаджы цавӕр дыууӕ фарсты сбӕлвырд? (kl 77, 78 ф., 18—20 абз.).
12. Псаломы 83:2—4-ӕм стихтӕй бӕрӕг куыд у, афтӕмӕй псаломзарӕггӕнӕгӕн цавӕр ахаст уыд йӕ лӕггаддзинадмӕ? (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w97 15.3. 8 ф., 5—7 абз., уыр.).
13. Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывонд адӕмӕн абон цы пайда хӕссы? (kl 68, 69 ф., 17—19 абз.).
14. Кӕд фыццаг чырыстӕттӕ ӕууӕндыдысты, Раргомады чиныгмӕ гӕсгӕ Йесо мин азы дӕргъы кӕй хицауиуӕг кӕндзӕн, ууыл, уӕд аздӕхӕг чырыстӕттӕ Хуыцауы ахуырад ӕппынфӕстаг цӕмӕн аиуварс кодтой? (w99 1.12. 6 ф., 3 абз—7 ф., 5 абз.).
15. Иннӕтыл «мӕт кӕнгӕйӕ», чырыстӕттӕ хъуамӕ сӕхи цӕмӕй хизой? (Фил. 2:4) (w99 1.12. 29 ф., 1 абз., уыр.).
16. Псаломы 127:3-аг стихы фырттӕ сӕ фыды фынджы алыварс «маслинӕйы къалиутимӕ» барст цӕмӕн цӕуынц? (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w00 15.8. 30 ф., 4 абз., уыр.).
17. Хуыцауы хъуыддӕгтӕ диссагыл куы нымайӕм, уӕд ныл уый куыд ӕндавдзӕн? (Пс. 138:14) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w93 1.10. 15 ф., 18 абз., уыр.).
18. Фӕсномыг ныхӕсты 5:3, 4-ӕм стихты цӕмӕн дзырдӕуы, зӕгъгӕ, ӕнӕгъдау царды фӕстиуджытӕ сты «скъӕлдзойау маст» ӕмӕ «дыкомон ӕхсаргардау цыргъ»? (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w00 15.7. 29 ф., 2 абз., уыр.).
19. Фӕсномыг ныхӕсты 14:29-ӕм стихмӕ гӕсгӕ нын ӕмбаргӕдзинад куыд ӕххуыс кӕны мӕстыгӕрдзинады фӕстиуджытӕй хи хизынӕн? (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w97 15.3. 13 ф., 7, 8 абз., уыр.).
Ацы хъуыдыйӕдтӕ баххӕст кӕн хъӕугӕ дзырдтӕ кӕнӕ дзырдты къордтӕй:
20. Адӕймагӕй мӕлӕты рӕстӕджы цы «уд» рацӕуы, уый у ․․․․․․․․, кӕцы дӕтты Хуыцау (kl 81 ф., 5, 6 абз.).
21. Фӕсномыг ныхӕсты чиныгӕн ис дыууӕ хӕсы — ․․․․․․․․ фӕхайджын кӕнын ӕмӕ ․․․․․․․․ радтын (Фӕс. н. 1:1—4) (w99 15.9. 13 ф., 2 абз., уыр.).
22. «Ӕппӕтбӕрзонды сусӕг бынат» у, ․․․․․․․․ фарстайы Хуыцауы фарс чи лӕууы, уыдонӕн ․․․․․․․․ бынат; уый «сусӕг» у, ома ӕнӕзонгӕ у, ․․․․․․․․, уыдонӕн (Пс. 90:1, НД [91:1]) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w87 15.8. 22 ф., 6 абз., уыр.).
23. Куыд зыны, афтӕмӕй Иегъовӕйы «ӕппӕт хорз хъуыддӕгтӕ» нӕ рох кӕнын нысан кӕны, 102-аг Псаломы цы «хорз хъуыддӕгтыл» дзырдӕуы, уыдоныл ․․․․․․․․ (Пс. 102:2) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w99 15.5. 21 ф., 5, 6 абз., уыр.).
24. Фӕсномыг ныхас у, ․․․․․․․․ кӕм вӕййы ӕмӕ ․․․․․․․․, ахӕм ӕлвӕст хъуыды (bsi01 28 ф., 6 абз.).
Ацы хъуыдыйӕдтӕ баххӕст кӕн раст дзуаппытӕй:
25. Кӕд Давидӕн йӕ бон уыди Саулмӕ смӕсты уа, цы митӕ йын кодта, уый тыххӕй, уӕддӕр уый йӕхиуыл хӕцыд, уымӕн ӕмӕ (ӕмбӕрста, Саул ӕнӕххӕст кӕй у ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ хатыргӕнаг кӕй хъуамӕ уой, уый; уый никуы рох кодта йӕ ахастытӕ Иегъовӕимӕ; уый зыдта, иннӕтыл тӕрхон кӕнын раст кӕй нӕу, уый) (1 Пад. 24:6, 15) (w99 15.8. 8 ф., 7 абз., уыр.).
26. Йесо Мессиа сси (н. э. агъоммӕ 2 азы; н. э. 29 азы; н. э. 33 азы), (куы райгуырд; аргъуыд куы райста; куы райгас), уӕд (kl 65 ф., 12 абз.).
27. (Зондмӕ; зондамындмӕ; рӕстдзинадмӕ) хауы бирӕ цыдӕртӕ, уыимӕ ӕмбаргӕдзинад, ӕмбарындзинад, дардмӕ уынын ӕмӕ зондӕй архайын; (хӕларзӕрдӕдзинад; ӕмбаргӕдзинад; рӕстмӕ хъуыды кӕнын) нысан кӕны хъуыддаг лӕмбынӕг равзарын ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ мидис бамбарын (Фӕс. н. 1:1—4) (w99 15.9. 13 ф., 3 абз., уыр.).
28. Иосиф Потифары усы ӕнӕгъдау ныхӕстӕм уымӕн нӕ хъуыста, ӕмӕ (зыдта, Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ хӕтындзинад тӕригъӕд кӕй уыд; аргъ кодта сылгоймаджы дзырддзӕугӕ лӕгӕн; аргъ кодта йӕ ахастытӕн Иегъовӕимӕ) (Уӕв. 39:7—9) (w99 1.10. 29 ф., 3 абз., уыр.).
29. Куыд зыны, афтӕмӕй 118-ӕм псаломы фыссӕг тынг аргъ кодта (Хуыцауы ныхасӕн, ома йӕ закъонӕн; царды лӕварӕн; ирвӕзындзинады ныфсӕн), ӕмӕ уый тыххӕй уыцы псаломы бакӕсӕн ис, зӕгъӕн ис, алы стихы дӕр (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w99 1.11. 20 ф., 5 абз.; w87 1.10. 21 ф., 2 абз., уыр.).
30. Павелы ӕрвысты (Ромӕгтӕм; Галатӕгтӕм; Дзуттытӕм) фыццаг дыууӕ сӕры фенӕн ис Йесо Чырыстийы (бӕрзонд бынаты; донаргъуыды; зӕххон лӕггаддзинады) тыххӕй Псаломтӕй бирӕ ныхӕстӕ (bsi01 25 ф., 28 абз.).
Ацы хъуыдыйӕдтӕм ссар Фыстадӕй ӕмбӕлон тексттӕ:
Фӕс. н. 2:19; 14:15; 18:17; Иак. 1:13; Дзут. 13:18
31. Адӕмы бирӕ хъизӕмӕртты Хуыцау аххосджын нӕу (kl 71 ф., 3 абз.).
32. Чырыстӕттӕн сӕ бон нӕу, иннӕтӕн зиан чи ӕрхӕсдзӕн, ахӕм ӕнӕраст сӕудӕджерады хъуыддӕгты архайын (w99 15.9. 10 ф., 2 абз., уыр.).
33. Ӕнӕгъдау цард чи кӕны, уыдон дзы, гӕнӕн ис, афтӕ аныгъуылой, ӕмӕ цалынмӕ сӕ бон сӕ къӕхтыл слӕууын уа, уӕдмӕ, чи зоны, мӕлгӕ дӕр акӕной (w99 15.11. 27 ф., 5, 6 абз., уыр.).
34. Зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ адӕймаг рагацау ахъуыды кӕндзӕн йӕ миты фӕстиуджытыл ӕмӕ куырм лӕгау нӕ цӕудзӕн ног цӕйдӕр фӕдыл, адӕмӕн ӕй сӕ фылдӕр хорзыл кӕй нымайынц, ӕрмӕст уый тыххӕй (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс g94 8.12. 17 ф., 1 абз., уыр.).
35. Кӕд цавӕрдӕр хъуыддаджы уынаффӕ рахӕссын хъӕуы ӕмӕ иу адӕймаджы ныхӕстӕ ӕцӕг ӕмӕ раст зыной, уӕддӕр зондджын ми уыдзӕн раздӕр уал базонын, уый тыххӕй иууылдӕр цы хъуыды кӕнынц, уый (bsi01 31 ф., 36 абз.).