Хъусинӕгтӕ
◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Апрель ӕмӕ майы: журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Дыккаг хатт адӕймагмӕ куы бацӕуай ӕмӕ цымыдис куы кӕна, уӕд ӕй ныффысс, журналтӕ хӕссын кӕмӕ хъӕуы, уыдоны хыгъды. Парахат кӕнӕн ма ис брошюрӕ «Цы домы». Бацархай, цӕмӕй искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай. Июны: «Хуыцау нӕ цы домы?» кӕнӕ чиныг «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад». Ацы брошюрӕ ӕмӕ чиныг адӕммӕ куы уой, уӕд сын радтӕн ис, ӕмбырды цы брошюрӕтӕ ис, уыдонӕй кӕцыфӕнды дӕр. Июлы: 32-фарсон брошюрӕтӕй кӕцыфӕнды дӕр: «Куы амӕлы дӕ зӕрдиаг адӕймаг», «Мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы?», «Хицауад, кӕцы ӕрхӕсдзӕн дзӕнӕт», «Хуыцауы ном уӕвдзӕн ӕнустӕм» ӕмӕ «Цымӕ ныл Хуыцау ӕцӕг ӕнувыд у?». Куы хъӕуа, уӕд радтӕн ис брошюрӕ «Чиныг алкӕмӕндӕр».
◼ Филиалы хъуамӕ уой сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарджыты ӕмӕ секретарты раст адристӕ ӕмӕ телефоны номыртӕ. Куыддӕр исты фӕива, афтӕ ӕмбырды комитет хъуамӕ байдзаг кӕна ӕмӕ филиалмӕ арвита бланк (S-29) «Изменение адреса председательствующего надзирателя/изменение фамилии секретаря». Уый ма хауы, индекс куы фӕива, уымӕ дӕр.
◼ Искуыдӕм балцы куы цӕуай ӕмӕ цӕуынвӕнд куы скӕнай ӕндӕр бӕстӕйы ӕмбырды фембӕлдтӕм, районон кӕнӕ облӕстон конгресмӕ, уӕд уыцы фембӕлдтӕ кӕд ӕмӕ кӕм уыдзысты, уый базонынӕн фыстӕг арвит уыцы бӕстӕйы филиалмӕ. Филиалты адристӕ ссарӕн ис ацы азы «Ӕрвылазон чиныджы» (уыр.) фӕстаг фарсыл.
◼ Журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ныр цӕудзӕн ставд дамгъӕтӕй зулуйы ӕвзагыл.
◼ 2002 азы 29 апрелӕй райдайгӕ къуырийӕ 2002 азы 3 июнӕй райдайгӕ къуыримӕ ӕмбырды чиныгахуыркӕнынады ахуыр кӕндзысты брошюрӕ «Хуыцау нӕ цы домы?».
◼ Цӕстӕй ӕвзӕр чи уыны, уыдонӕн мыхуыры рацӕудзӕн чиныг «Исайы пехуымпарад — рухс ӕппӕт адӕмӕн», II том, стыр форматӕй. Уыдзӕн ахӕм ӕвзӕгтыл: англисаг, венгриаг, грекъаг, датаг, испайнаг, италиаг, китайаг (хуымӕтӕг), корейаг, немыцаг, нидерландаг, норвегиаг, польшӕйаг, португайлаг, румынаг, уырыссаг, словакаг, украинаг, финаг, французаг, хорватаг, чехаг, шведаг, япойнаг. Ацы чиныг куы заказ кӕнат, уӕд ӕй литературӕ заказгӕнӕн бланкы (S-14) ныффыссын хъӕудзӕн куыд «Исайы пехуымпарад» II (iplp-2, предмет № 5430). Ӕмбырдтӕ сӕ заказтӕ филиалмӕ хъуамӕ арвитой 2002 азы 25 апрелы онг. Уӕ хорзӕхӕй, уӕ зӕрдыл дарут, ацы чиныг ӕрмӕстдӕр, цӕстӕй ӕвзӕр чи уыны, уыдонӕн кӕй у ӕмӕ дзы бирӕ заказ кӕнын нӕ хъӕуы. Цалынмӕ чиныг «Исайы пехуымпарад — рухс ӕппӕт адӕмӕн» II том (стыр) не ’рцӕуа, уӕдмӕ йӕ ӕрвитинаг публикациты хыгъды нысан кӕндзысты «Заказ регистрирован»-ы.
◼ «Паддзахады мелодиты» альбомы (оркестр, csm предмет № 1700) ныр ис 9 аудиокассетӕйы англисаг фыстытимӕ.
◼ Ног публикацитӕ:
«Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!» — лекъаг
«Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ чи сты? Цӕуыл ӕууӕндынц?» — ирон
«Фӕнды дӕ Библи хуыздӕр базонын?» — литоваг