Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — фӕлхатгӕнинаг
Дӕлдӕр цы фарстытӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты 2004 азы 23 февралӕй райдайгӕ къуыри Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы. Уый уыдзӕн дзургӕ фӕлхат, 2004 азы 5 январӕй райдайгӕ къуырийӕ 23 февралӕй райдайгӕ къуыримӕ цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уымӕн. Уадздзӕн ӕй Скъолайы цӕстдарӕг, 30 минуты дӕргъы. [Фиппаинаг: фарсты фӕстӕ, дзуапп ын кӕм ис, уый амынд куы нӕ уа, уӕд дзуапп ссарынӕн дӕхи хъӕудзӕн ӕрмӕг бацагурын. (Кӕс «Хъусынгӕнджыты скъола», 36, 37 фф.)]
ДЗЫРДАРӔХСТДЗИНАД
1. Ӕрмӕг нӕ ныхасмӕхъусджытӕм куыд хауы ӕмӕ сын царды кӕм фӕахъаз уыдзӕн, уый сын куыд бамбарын кӕнын хъӕуы? (be 158 ф., 2—4 абз.).
2. Кӕм цавӕр дзырд фидауы, уый лӕмбынӕг цӕмӕн хъуамӕ ӕвзарӕм? (be 160 ф., 1 абз. ӕмӕ дыккаг фӕлгӕт).
3. Хорз ныхас фыццаджыдӕр цавӕр хъуамӕ уа, уый тыххӕй 1 Коринфӕгтӕм 14:9 цы фыст ис ӕмӕ нӕ бон куыд у уыцы зондамындӕй пайда кӕнын иннӕты ахуыргӕнгӕйӕ? (be 161 ф., 1—4 абз.).
4. Матфейы 5:3—12 ӕмӕ Маркы 10:17—21 гӕсгӕ Йесо куыд ахуыр кодта, уый нын фӕзминаг цӕмӕй у? (be 162 ф., 4 абз.).
5. Хъусын кӕнгӕйӕ кӕнӕ ӕмбырды дзуапп дӕтгӕйӕ цӕмӕн хъуамӕ архайӕм, ныхас нуарджын, зӕрдӕмӕхъаргӕ ӕмӕ цардӕгас чи кӕны, ахӕм дзырдтӕй пайда кӕнын? (Матф. 23:37, 38). (be 163 ф., 3 абз.—164 ф., 1 абз.).
ФЫЦЦАГ ХӔСЛӔВӔРД
6. Цы у ныхасы сӕр, ӕмӕ йӕ нӕ хъуыдыйы куы дарӕм, уӕд нын ӕрмӕг агурынӕн ӕмӕ йӕ фӕд-фӕдыл равӕрынӕн куыд баххуыс кӕндзӕн? (be 39 ф., 6 абз. — 40 ф., 1 абз.).
7. а) Цы у монон сыгъдӕгдзинад ӕмӕ сыгъдӕгдзинад ӕппӕты ахсджиагдӕр ацы хъуыддаджы цӕмӕн у? ӕ) Чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у сӕхи хизын, цӕмӕй ацы хӕлд дунейы ӕнӕгъдау адӕмы хуызӕн ма суой? (w02 1.2. 5—6 фф.).
8. Библийы уагӕвӕрдтӕй сӕйрагдӕр кӕцытӕ сты? (w02 15.2. 5 ф., 2, 5, 7 абз., уыр.).
9. Цы нысан кӕны искӕй рис ӕмбарын ӕмӕ Чырысти уыцы миниуӕг куыд равдыста? (w02 15.4. 25 ф., 4, 5 абз., уыр.).
10. Ӕмбисӕндты 11:11 Иегъовӕйы адӕмы ӕмбырдтӕм куыд хауы? (w02 15.5. 27 ф., 1—3 абз., уыр.).
БИБЛИ ӔРВЫЛКЪУЫРИ КӔСЫН
11. Цы нысан кӕны, Уӕвынады 2:9 цы «царды бӕласы» тыххӕй дзырд цӕуы, уый?
12. Лоты ус йӕ цард цӕмӕн фесӕфта? (Уӕв. 19:26) (w90 15.4. 18 ф., 10 абз., уыр.).
13. Уӕвынады 24 сӕры фыст пехуымпарадон драмӕйы кӕй ӕвдисы: а) Авраам; ӕ) Исаахъ; б) Авраамы лӕггадгӕнӕг Елиезер; в) дӕс теуайы ӕмӕ г) Ревеккӕ?
14. Хуыцау Иаков ӕмӕ Исавӕн сӕ хъысмӕт нысан скодта? (Уӕв. 25:23).
15. Рахиль, Хуыцауы арфӕйы тыххӕй ӕппӕт тыхтӕй чи архайы, ахӕм адӕймаджы хорз дӕнцӕг цӕмӕ гӕсгӕ уыд? (Уӕв. 30:1—8) (w02 1.8. 29, 30 фф., уыр.).