Хъусинӕгтӕ
◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Июны: «Мӕ библион радзырдты чиныг». Адӕймаг дын куы зӕгъа, зӕгъгӕ мын сывӕллӕттӕ нӕй, уӕд ын ратт брошюрӕ «Цы домы» ӕмӕ бацархай йемӕ хӕдзары Библи ахуыр кӕнын райдайын. Июль ӕмӕ августы: ӕмбырды цы 32-фарсон брошюрӕтӕ ис, уыдонӕй кӕцыфӕнды дӕр. Сентябры: «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?».
◼ Паддзахады залӕн цӕмӕй тӕссаг мацӕмӕй уа, уый тыххӕй-иу агъуыстӕй фӕстаг чи рацӕуа, уый хъуамӕ дуӕрттӕ сӕхгӕна ӕмӕ дзы кӕд сигнализаци ис, уӕд ӕй баиу кӕна. Уыдӕттӕ бакӕнын йӕ бон куы нӕ уа, уӕд хъуамӕ фӕдзура, кӕй бон у, ахӕм адӕймагмӕ ӕмӕ йӕм Паддзахады залы банхъӕлмӕ кӕса. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕм хъуамӕ уа, Паддзахады залы дӕгъӕлтӕ кӕмӕ сты, уыцы бӕрнон хъусынгӕнджыты номхыгъд.
◼ Облӕстон конгрессы, «Цӕут Хуыцауимӕ», зӕгъгӕ, куы уат, уӕд-иу уӕ ма ферох уӕд программӕ цыбыртӕй фыссын. Уыцы фыстытӕ уӕ бахъӕудзысты, конгрессы программӕ куы фӕлхат кӕнӕм, уӕд. Уый уыдзӕн ацы азы хъусын кӕныны фембӕлдтӕй иуы.
◼ 2004 азы 21 февралы Паддзахады залтӕ Иегъовӕйӕн снывонд кодтой: Кочубеевскӕйы хъӕуы (Стъараполы); г. Черкесскы (Хъӕрӕсе-Черкесси); г. Стъараполы. Уыцы рӕтты программӕмӕ байхъуыста 142, 212 ӕмӕ 256 адӕймаджы.
◼ 2004 азы 22 февралы Паддзахады залтӕ Иегъовӕйӕн снывонд кодтой г. Невинномысскы ӕмӕ Ивановскӕйы хъӕуы, (Стъараполы). Программӕмӕ байхъуыста 771 ӕмӕ 247 адӕймаджы.
◼ Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, 2004 азы 18 мартъийы, хуыцаубоны, Санкт-Петербурджы кӕй уыд фембӕлд, Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъолайы 21-ӕм къласс йӕ ахуыр кӕй фӕци, уый фӕдыл. Программӕмӕ байхъуыста 321 ӕфсымӕр ӕмӕ хойы. 24 студенты хорз ахуыр райстой ӕмӕ ныр цӕттӕ сты сӕ зонындзинӕдтӕй пайда кӕнынмӕ. 7 ӕфсымӕры снысан кодтой сӕрмагонд пионертӕй, иннӕтӕ та фӕстӕмӕ сӕхи ӕмбырдты лӕггад кӕндзысты. Нӕ зӕрдӕ сын зӕгъы стыр ӕнтыстытӕ ӕмӕ Иегъовӕйӕ стыр хорзӕхтӕ! (Пс. 36:3, 4).