Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстытӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты 2008 азы 30 июнӕй райдайгӕ къуыри Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы. 2008 азы 5 майӕ райдайгӕ къуырийӕ 30 июнӕй райдайгӕ къуыримӕ цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уый нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзыстӕм. Ӕрмӕг ӕвзардзӕн Скъолайы цӕстдарӕг 30 минуты дӕргъы.
ДЗЫРДАРӔХСТДЗИНАД
1. Цы саразӕн ис, цӕмӕй нӕ хъусджытӕ цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ хуыздӕр ӕмбарой? (be 242 ф., 3 абз.–243 ф., 1 абз.).
2. Хуыздӕр цӕмӕн у хуымӕтӕг цӕстуынгӕ цӕвитон? (be 245 ф., 2–4 абз.).
3. Цӕмӕн хъӕуы цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕй раст пайда кӕнын, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ куыд пайда кодта, цӕмӕй ахсджиаг хъуыддӕгтӕ бамбарын кодтаид? (Райд. 15:5; Йер. 18:6; Ионӕ 4:10, 11) (be 247 ф., 1, 2 абз.).
4. Цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕй куыд пайда кӕнын хъӕуы, цӕмӕй адӕмы хуыздӕр ахуыр кӕнӕм? (be 248 ф., 2–4 абз.).
5. Библийы ахуыры рӕстӕг картӕтӕй пайда кӕнӕн куыд ис? (be 248 ф., 5 абз.).
ФЫЦЦАГ ХӔСЛӔВӔРД
6. Библи ахуыр кӕнгӕйӕ Хуыцауы сыгъдӕг уды фӕрцы цы бамбардзыстӕм? (be 32 ф., 3, 4 абз.).
7. Библи нын йӕхӕдӕг куыд ӕххуыс кӕны цавӕрдӕр стих раиртасынӕн? (be 34 ф., 4 абз.–35 ф., 2 абз.).
8. Иоанны Евангели куыд ӕмбарын кӕны, Йегъовӕ адӕмӕн Йесойы фӕрцы кӕй арфӕ кӕны, уый? (bsi08-1 13 ф., 32 абз.).
9. Фыстад куыд ӕвдисы, Хъуыддӕгты чиныджы фыссӕг дохтыр Лука кӕй уыд? (bsi08-1 14 ф., 3, 5 абз.–15 ф., 7 абз.).
10. Пълан аразын куыд хъӕуы? (be 39–41 фф.).
ӔРВЫЛКЪУЫРИ БИБЛИ КӔСЫН
11. Цавӕр кувӕндон арӕзтой «цыппор ӕхсӕз азы»? (Иоан. 2:20) (w08 15.04. «Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас. Ахсджиаг хъуыдытӕ Иоанны чиныгӕй»).
12. Чи сты, мӕлӕтӕй чи аирвӕзт ӕмӕ цардмӕ чи бацыд, уыдон? (Иоан. 5:24, 25) (w08 15.04. «Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас. Ахсджиаг хъуыдытӕ Иоанны чиныгӕй»).
13. Йесо йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕн уӕлӕрвты бынат куыд хъуамӕ ’рцӕттӕ кодтаид? (Иоан. 14:2) (w08 15.04. «Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас. Ахсджиаг хъуыдытӕ Иоанны чиныгӕй»).
14. Йесо Марийӕ Магдалинӕйӕн цӕмӕн загъта, «ма мыл хӕц», зӕгъгӕ? (Иоан. 20:17) (w08 15.04. «Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас. Ахсджиаг хъуыдытӕ Иоанны чиныгӕй»).
15. Цы нысан кӕнынц Йесойы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, уӕлӕрвтӕм куыд цӕуын, фӕстӕмӕ дӕр ахӕм ӕгъдауӕй ӕрцӕудзынӕн? (Ап. хъ. 1:9–11) (w05-OSS 01.02. 8 ф., 20, 21 абз.; rs-U 342 ф., 4 абз.; it-1-E 186 ф., 8 абз.).