Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты 2009 азы 23 февралӕй райдайгӕ къуыри Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы. 2009 азы 5 январӕй райдайгӕ къуырийӕ 23 февралӕй райдайгӕ къуыримӕ цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уый нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзыстӕм. Ӕрмӕг ӕвзардзӕн Скъолайы цӕстдарӕг 20 минуты дӕргъы.
1. Кӕд Хуыцау рухсгӕнӕнтӕ цыппӕрӕм бон скодта, уӕд фыццаг бон рухс кӕцӕй фӕзынд? (Райд. 1:3, 16) (w04-OSS 01.01. 29 ф., 5 абз.).
2. Ной Ханааны цӕмӕн ралгъыста? (Райд. 9:20–25) (w04-OSS 01.01. 32 ф., 1 абз.)
3. Йегъовӕйы бадзырд Авраамимӕ йӕ тыхы кӕд бацыд ӕмӕ цас ахаста? (Райд. 12:1–4) (w04-OSS 01.03. 28 ф., 4 абз.; w01-OSS 01.09. 11 ф., 13 абз.).
4. Цӕмӕй бӕрӕг у, Нимрод ӕмӕ йӕ зондыл чи ацыд, уыдонӕн сӕ фӕнд сӕ къухы кӕй нӕ бафтыд, ома сӕхицӕн ном кӕй не скодтой? (Райд. 11:4) (w98-U 15.03. 25 ф.).
5. Кӕд 2 Петры 2:7 гӕсгӕ Лот «рӕстгӕнӕг» уыд, уӕд хӕлд адӕмӕн цӕмӕн загъта, мӕ чызджыты уӕм ракӕндзынӕн зӕгъгӕ? (Райд. 19:8) (w05-OSS 01.02. 30 ф., 15, 16 абз.; w04-OSS 01.03. 28 ф., 3 абз.).
6. Агар ӕмӕ Саррӕ Измаилы тыххӕй куы фӕхыл сты, уӕд Авраам хъуыддаг куыд аскъуыддзаг кодта, уымӕй лӕг ӕмӕ ус цӕуыл ахуыр кӕнынц? (Райд. 21:10–14; 1 Тим. 5:8) (w06-OSS 01.05. 6 ф., 4–7 абз.).
7. Хуыцау куывдтытӕ кӕй хъусы, уымӕн Фыстадӕй цӕвиттон ӕрхӕсс. (Райд. 24:12–14, 67) (w08-OSS 02.15. 3 ф., 4 абз.).
8. Иаков фыны Хуыцауы зӕдты асинтыл уӕлӕмӕ ӕмӕ дӕлӕмӕ хизгӕ кӕй федта, уый цы нысан кодта? (Райд. 28:10–13) (w03-U 15.10. 29 ф., 1 абз.; it-2-E 189 ф.).
9. Рахилы афтӕ тынг цӕмӕн хъуыдысты Лийӕйы фырты мандрагорӕтӕ? (Райд. 30:14, 15) (w04-OSS 01.03. 28 ф., 7 абз.).
10. Динӕйы хабар куыд ӕвдисы, тӕссаг цы у, уымӕ ӕгӕр хӕстӕг цӕуын зондджын ми кӕй нӕу? (Райд. 34:1, 2, 19) (w04-U 10.15. 21 ф., 6 абз.; 22 ф., 5 абз.).