Хъусинӕгтӕ
◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Февраль: Чингуытӕ «Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у» ӕмӕ «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?». Мартъи: Чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?» Бацархай, цӕмӕй искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай. Апрель ӕмӕ май: «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг». Бацу, Ӕрымысӕн изӕры, йе та сӕрмагонд раныхасы чи уыд ӕмӕ фылдӕр базонын кӕй фӕнды, фӕлӕ ӕмбырдтӕм чи нӕ цӕуы, уыдонмӕ. Дӕ нысан уӕд семӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын. Июнь: Чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?». Кӕд адӕймагмӕ ацы чиныг ис, уӕд ын ныууадз 192-фарсон чингуытӕй искӕцы. Трактаттӕ «Чи у Иегъовӕ?», «Чи у Йесо Чырысти?», «Фӕнды дӕ Библи хуыздӕр базонын?», «Адӕмы хъизӕмӕрттӕн тагъд ӕрцӕудзӕн кӕрон», «Ацы дуне фервӕздзӕн?», «Дзӕнӕтмӕ фӕндаг куыд ссарӕн ис?». Июль ӕмӕ август: 32-фарсон брошюрӕтӕй ӕмбырды чи ис, уыдонӕй кӕцыфӕнды дӕр.
◼ 2009 азы Ӕрымысӕн изӕры фӕдыл уыдзӕн сӕрмагонд раныхас «Хуыцауы цӕсты кӕцы дин у раст?». Ахӕм хъусинаг ма ис 2008 азы сентябры «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы».
◼ 2009 азы 17 ӕмӕ 18 апрелы, майрӕмбон ӕмӕ сабаты, филиал (Солнечное) ӕхгӕд уыдзӕн, ӕфснайгӕ кӕй кӕндзысты, уый тыххӕй. Уыцы бонты экскурситӕ нӕ уыдзӕн, стӕй ӕмбырдтӕн литературӕ дӕр нӕ дӕтдзысты.
◼ Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтой Паддзахады залтӕ: 2008 азы 27 сентябры Гусиноозерскы (Буряти) ӕмӕ 2008 азы 1 ноябры Урюпинскы (Волгограды обл.).