Хъусинӕгтӕ
◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Июль ӕмӕ август: 32-фарсон брошюрӕтӕй ӕмбырды чи ис, уыдонӕй кӕцыфӕнды дӕр. Сентябрь: Чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?» Адӕймагӕн чиныг куы раттай, уӕд бацархай, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай. Равдис ын, куыд ис цыбыртӕй Библи ахуыр кӕнӕн. Октябрь: «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн ратт трактат «Рӕстдзинад базонын дӕ фӕнды?» ӕмӕ бацархай йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайыныл. Ноябрь: Чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?» Бацархай, цӕмӕй адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай. Декабрь: Чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?»
◼ Августы фондз сабат ӕмӕ фондз хуыцаубоны кӕй уыдзӕн, уымӕ гӕсгӕ уый хорз фадат у ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнынӕн.
◼ Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтой Паддзахады залтӕ: 2008 азы 13 сентябры Волгограды, уынг Зеленодольская, 1; 2009 азы 18 апрелы Камышины (Саратовы обл.), уынг Заводская, 21.