Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты 2009 азы 31 августӕй райдайгӕ къуыри Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы. 2009 азы 6 июлӕй райдайгӕ къуырийӕ 31 августӕй райдайгӕ къуыримӕ цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уый нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзыстӕм. Ӕрмӕг ӕвзардзӕн Скъолайы цӕстдарӕг 20 минуты дӕргъы.
1. Йӕ ныййарджыты-иу чи ралгъыста, уымӕн мӕлӕты тӕрхон цӕмӕн хастой? (Лев. 20:9) (w04 01.06. 32 ф., 6 абз., ирон.).
2. Цы нысан кӕны, «дӕс усы фыцдзысты дзул иу пецы», зӕгъгӕ? (Лев. 26:26) (w04 01.06. 32 ф., 5 абз., ирон.).
3. Рагон Израилы-иу фыййау йӕ фысты лӕдзӕджы бынты цӕмӕн хизын кодта? (Лев. 27:32) (w08 15.11. 9 ф., 7 абз., ирон.).
4. Ӕндӕр лӕгимӕ-иу ӕмуат чи ’рцыд, уыцы сылгоймагӕн-иу «йӕ синтӕ» куыд «бахус сты»? (w04 01.08. 29 ф., 6 абз., ирон.).
5. Абон Йегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, уыдонӕн рагон Израилы назорейтау цавӕр зӕрдӕйы уаг ис? (Нымӕц. 6:3, 5, 6) (w04 01.08. 29, 30 фф., ирон.)
6. Закъоны ацӕргӕ левитты тыххӕй цы уагӕвӕрд ис, уымӕй Йегъовӕйы адӕмӕн абон сӕ бон пайда кӕнын куыд у? (Нымӕц. 8:25, 26) (w04 01.08. 30 ф., ирон.)
7. Израилӕгтӕ сӕ «хиуарзон фӕндтӕ» куыд райдыдтой ӕргом кӕнын ӕмӕ уый абоны чырыстӕттӕн цӕуыл дзурӕг у? (Нымӕц. 11:4) (w04 01.07. 8, 9 фф., ирон; w95 01.03. 16 ф., 10 абз., уырыс.).
8. Мариам ӕмӕ Аарон Моисейыл цӕмӕн хъуыр-хъуыр кодтой ӕмӕ Хуыцау хъотыр ӕрмӕст Мариамыл цӕмӕн бафтыдта? (Нымӕц. 12:1, 9–11). (w04 01.07. 31 ф., ирон.).
9. Йесо Навин ӕмӕ Халев Ханааны цӕрӕг адӕмӕй афтӕ цӕмӕн загътой: «Ӕнцонтӕй сыл фӕуӕлахиз уыдзыстӕм»? (Нымӕц. 14:9). (w06 01.06. 20 ф., 5 абз., ирон.)
10. Цавӕр чиныг уыди «Йегъовӕйы хӕстыты чиныг»? (Нымӕц. 21:14, 15) (w04 01.08. 31 ф., 3 абз., ирон.)