Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы 2010 азы 30 августӕй райдайгӕ къуырийы. Скъолайы цӕстдарӕг 20 минуты ныхас кӕндзӕн, 5 июлӕй 30 августмӕ Скъолайы цы рацыдыстӕм, ууыл.
1. Соломон нывондхӕссӕны раз Хуыцаумӕ кувгӕйӕ цы загъта, уымӕй цы базонӕн ис? (1 Пад. 8:22–53) (w05 01.07. 20 ф., 8 абз., ирон.).
2. Адӕймаг куы фӕрӕдийа, уӕд та йӕ бон рӕстӕй цӕрын кӕй у, уый Давиды хабарӕй куыд зыны? (1 Пад. 9:4) (w08 15.12. 11 ф., 18 абз., ирон.).
3. Соломон тынг кӕй базӕронд, Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ уый тыххӕй сивта? (1 Пад. 11:4) (w05 01.07. 20 ф., 4 абз., ирон.).
4. Цӕуыл нын дзурӕг у, Йегъовӕ Авийы ӕгъдауыл баныгӕнын кӕй загъта, уый? (1 Пад. 14:13) (cl 244 ф., 11 абз., ирон.).
5. 1 Паддзӕхты 17:10–16 цы фыст ис, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (w05 01.07. 22 ф., 1 абз., ирон.).
6. Илиа афтӕ цӕмӕн загъта, «дыууӕ къахӕй къуылых кӕдмӕ уыдзыстут», зӕгъгӕ? (1 Пад. 18:21) (w08 01.01. 19 ф., 3, 4 абз., ирон.).
7. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кӕны, уый Илиайы хабарӕй куыд зыны? (1 Пад. 19:1–12) (cl 42, 43 фф., 15, 16 абз., ирон.).
8. Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау сӕрныллӕг кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг у? (1 Пад. 22:19–23) (cl 202 ф., 10 абз., ирон.).
9. 2 Паддзӕхты 4:23, 24 цы хабар фыст ис, ууыл ныййарджытӕ лӕмбынӕг цӕмӕн хъуамӕ ахъуыды кӕной? (w05 01.08. 9 ф., 6 абз., ирон.).
10. Елисей Нееманы лӕвӕрттӕ цӕуылнӕ айста? (2 Пад. 5:15, 16) (w05 01.08. 9 ф., 2 абз., ирон.).