Хъусинӕгтӕ
◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Август: парахат кӕндзыстӕм брошюрӕ «Хорз хабар Хуыцауӕй» кӕнӕ иннӕ 32-фарсон брошюрӕтӕ «Хуыцаумӕ хъус», «Хуыцаумӕ хъус, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрай» ӕмӕ «Цымӕ ныл Хуыцау ӕцӕг ӕнувыд у?». Сентябрь ӕмӕ октябрь: алы мӕй дӕр парахат кӕнынӕн кӕй райсӕм, уыцы брошюрӕтӕ. Ноябрь: зиу – парахат кӕндзыстӕм ног трактат «Чи амард, уыдон райгас уыдзысты?» («Паддзахады хабар» № 38). Ӕмбырд йӕ территорийыл куы ’рзила кӕнӕ трактаттӕ иууылдӕр куы байуара, уӕд хъусынгӕнджытӕн сӕ бон уыдзӕн парахат кӕнын брошюрӕтӕ Библи ахуыр кӕнынӕн кӕнӕ трактат «Рӕстдзинад базонын дӕ фӕнды?». Декабрь: брошюрӕтӕ Библи ахуыр кӕнынӕн кӕнӕ трактат «Рӕстдзинад базонын дӕ фӕнды?». Январь: парахат кӕндзыстӕм брошюрӕ «Хорз хабар Хуыцауӕй» кӕнӕ иннӕ 32-фарсон брошюрӕтӕ «Хуыцаумӕ хъус», «Хуыцаумӕ хъус, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрай» ӕмӕ брошюрӕ «Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?».