Хъусинӕгтӕ
◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Февраль: парахат кӕндзыстӕм брошюрӕ «Хорз хабар Хуыцауӕй» кӕнӕ ӕндӕр 32-фарсон брошюрӕтӕ «Хуыцаумӕ хъус», «Хуыцаумӕ хъус, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрай» ӕмӕ брошюрӕ «Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?». Мартъи ӕмӕ апрель: алы мӕй дӕр парахат кӕнынӕн кӕй райсӕм, уыцы брошюрӕтӕ. Май ӕмӕ июнь: брошюрӕ «Хорз хабар Хуыцауӕй» кӕнӕ 2013 азы облӕстон конгрессы цы трактаттӕ райстам, уыдонӕй.
◼ 2014 азы Ӕрымысӕн изӕры фӕдыл сӕрмагонд раныхас хуыйны «Кӕд Хуыцау адӕмы уарзы, уӕд фыддзинадӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны?».
◼ Бирӕ адӕм кӕм вӕййы, уым стъолтыл кӕнӕ цӕлхытыл арӕзт стендтыл ӕвӕрд литературӕимӕ куы хъусын кӕнӕм, уӕд дзы Библитӕ ӕвӕрын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ адӕймаг йӕхӕдӕг Библи куы ракура кӕнӕ йӕ рӕстдзинады тыххӕй ӕцӕгдӕр базонын куы фӕнда, уӕд ын ӕй ис раттӕн.