Уацамынды нын цы бантыст
Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, 2013 азы сентябрӕй 2014 азы майы онг Уӕрӕсейы донаргъуыд кӕй райста 2 453 адӕймаджы. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ бӕстӕйы хъусынгӕнджытӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнынц. Стӕй бӕрӕг у, Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕн сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн куыд хъӕуы ӕххуыс кӕнын, уый фӕдыл цы уынаффӕтӕ вӕййы, уыдонмӕ гӕсгӕ кӕй архайынц (Матф. 28:19, 10; 2 Тим. 4:2).