Скъолайы ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы 2015 азы 31 августӕй райдайгӕ къуырийы.
Соломоны куывды ныхӕстӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн ӕмӕ уыцы ныфсдӕттӕг ныхӕстыл хъуыды кӕнын махӕн цы пайда у? (1 Пад. 8:22–24, 28) (6 июль, w05 1/7 20 ф., 8 абз.).
Давид Хуыцауӕн куыд «иузӕрдионӕй... лӕггад кодта», уымӕй йӕ нӕ бон куыд у фӕзмын? (1 Пад. 9:4) (13 июль, w12 15/11 7 ф., 18, 19 абз. [bw528]).
Йегъовӕ Илийайы Сарептӕйы цӕрӕг идӕдз сылгоймагмӕ куы арвыста, уыцы хабарӕй цавӕр ахсджиаг хъуыддаг ис базонӕн? (1 Пад. 17:8–14) (27 июль, w14 15/2 14 ф. [bw543]).
1 Паддзӕхты 17:10–16 цы хабар фыст ис, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр ӕууӕндӕм? (27 июль, w14 15/2 13–15 фф. [bw543]).
Илийа йӕ ныфссӕттӕг хъуыдытимӕ куыд тох кодта, уымӕй цы ис зондӕн райсӕн? (1 Пад. 19:4) (3 авг., ia 102 ф., 10–12 абз.; w14 15/3 15 ф., 15, 16 абз. [bw544]).
Йегъовӕ куы федта, йӕ иузӕрдион пехуымпар Илийа куыд тыхст у, уый, уӕд куыд бакодта ӕмӕ нӕ бон куыд у нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцауы фӕзмын? (1 Пад. 19:7, 8) (3 авг., w14 15/6 27 ф., 15, 16 абз. [bw547]).
Паддзах Ахав цавӕр рӕдыд хъуыдыйыл хӕст уыд ӕмӕ абон чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у уымӕй сӕхи бахизын? (1 Пад. 21:20) (10 авг., lv 188 ф., рамкӕ; w14 1/2 14 ф., 3, 4 абз. [bp143]).
Елисей цӕмӕн бахатыд, цӕмӕй, Илийайыл Хуыцауӕй цы тых уыд, уый йӕхиуыл дыууӕ хатты фылдӕр уа? (2 Пад. 2:9) (17 авг., w05 1/8 8 ф., 6 абз.).
Ӕрыгӕттӕн сӕ бон куыд у, 2 Паддзӕхты 5:1–3 кӕй кой ис, уыцы гыццыл израилаг чызджы йӕ уырнындзинадӕй ӕмӕ йӕ хъӕбатырдзинадӕй фӕзмын? (24 авг., w12 15/2 12 ф., 11 абз. [bw519]).
Фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр Ииуйы цӕмӕй хъуамӕ фӕзмой? (2 Пад. 10:16) (31 авг., w11 15/11 5 ф., 4 абз. [bw516]).