Скъолайы ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы 2015 азы 26 октябрӕй райдайгӕ къуырийы.
2 Паддзӕхты 13:18, 19 цы хабары кой цӕуы, уымӕй куыд зыны, Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй хъуамӕ лӕггад кӕнӕм? (7 сент., w10 15/4 26 ф., 11 абз.).
Ионӕ пехуымпарӕй куы лӕггад кодта, уӕд Израилы паддзах чи уыд ӕмӕ 2 Паддзӕхты 14:23–25 цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ Ионӕйы лӕггады тыххӕй цы ис зӕгъӕн? (7 сент., w09 1/4 9 ф., 4 абз.).
Ахаз куыд равдыста, Хуыцау пехуымпар Исайы уылты цы ныхас загъта, ууыл кӕй не ’ууӕндыд ӕмӕ мах ахсджиаг уынаффӕтӕ куы фӕхӕссӕм, уӕд-иу цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм? (2 Пад. 16:7) (14 сент., w13 15/11 17 ф., 5 абз. [bw540]).
Рабсакау абон дӕр знӕгтӕ Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куыд фӕархайынц ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сын сӕ мӕнг ныхӕстыл ма ӕууӕндӕм? (2 Пад. 18:22, 25) (14 сент., w10 15/7 13 ф., 3, 4 абз.).
Иоси сӕрныллӕгдзинад куыд равдыста ӕмӕ мах дӕр сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд нын уый цавӕр пайда ӕрхӕсдзӕн? (2 Пад. 22:19) (21 сент., w01 1/11 15 ф., 15 абз.).
2 Паддзӕхты 25:27–30 цы дыууӕ паддзахы кой цӕуы, уыдон ӕцӕгдӕр кӕй цардысты, уый археолӕгтӕ куыд сбӕрӕг кодтой? (28 сент., w12 1/6 5 ф., 2, 3 абз. [bp123]).
Иабец Йегъовӕмӕ куыд куывта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (1 Аз. 4:9, 10) (5 окт., w05 1/10 9 ф., 6 абз.).
1 Азфыстыты 5:18–22 цы хӕсты кой цӕуы, уый куыд ахицӕн, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ уырнындзинады сӕрыл хъӕбатырӕй тох кӕнӕм? (12 окт., w05 1/10 9 ф., 7 абз.).
Йегъовӕйы закъонмӕ гӕсгӕ туг табуйаг кӕй у, уыцы уагӕвӕрд Давид цӕй фӕрцы ӕмбӕрста ӕмӕ нӕ йӕ цӕвиттон цӕмӕ разӕнгард кӕны? (1 Аз. 11:17–19) (19 окт., w12 15/11 6, 7 фф., 12–14 абз. [bw528]).
Давид бадзырды чырын Иерусалиммӕ ахӕссын куы сфӕнд кодта, уӕд раст цы нӕ бакодта ӕмӕ уыцы хабарӕй зондӕн райсӕн цы ис? (1 Аз. 15:13) (26 окт., w03 1/5 20 ф., 11–13 абз.).