Уацамынды нын цы бантыст
2015 азы майы Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола Гуырдзыстоны, Латвийы ӕмӕ Эстонийы каст фесты ӕртӕ къласы, ӕмӕ сӕ алкӕмӕн дӕр уый фӕдыл уыд фембӕлд. Уӕрӕсейӕ дзы ӕдӕппӕтӕй ахуыр кодта 66 пионеры. Стӕй ма майы цыдысты курсытӕ авд ӕвзагыл: азербайджайнаг, хъыргъызаг, китайаг, таджикаг, узбекаг, цигайнаг ӕмӕ чувашаг.
Фарон Уӕрӕсейы 7 024 хъусынгӕнӕджы дард рӕттӕм хъусын кӕнынмӕ кӕй ацыдысты, уый фӕрцы хорз хабар бирӕ рӕтты фехъуыстой. Библи ахуыр кӕнын райдыдтой 2 163 адӕймагимӕ, 30 779 дыккаг бацыды скодтой, байуӕрстой 5 174 чиныджы ӕмӕ 333 777 брошюрӕ ӕмӕ буклеты. Тынг ӕхсызгон нын у, «хорз хабар адӕмӕн бӕстон хъусын кӕныны» тыххӕй чи фыдӕбон кӕны, уыдонӕн Йегъовӕ кӕй арфӕ кӕны, уый уынын (Хъуыд. 20:24).