ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ПСАЛОМТӔ 74–78
Ӕрхъуыды-иу кӕн Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕ
Йегъовӕ цы хорз хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоныл хъуыды кӕнын ахсджиаг у
Хуыцауы Ныхасы цы бакӕсӕм, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ӕй хуыздӕр ӕмбардзыстӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕ бузныг уыдзыстӕм уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаджы тыххӕй
Йегъовӕйыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ын йӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уый никуы рох кӕндзыстӕм
Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕ:
Цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уый
Йе сконд хъуыддӕгты тыххӕй йын цас фылдӕр базонӕм, уыйас ын тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм
Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ
Хъуамӕ хъусӕм, Йегъовӕ нын разамонджытӕй кӕй сӕвӕрдта, уыдонмӕ
Йӕ адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон
Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй фервӕзын кӕны, уый куы нӕ рох кӕнӕм, уӕд нӕ тынгдӕр уырндзӕн, йӕ бон кӕй у мах дӕр фервӕзын кӕнын ӕмӕ йӕ уый фӕндгӕ дӕр кӕй кӕны